Хуссар Иры къухдариуӕгад ӕмӕ Сырх Дзуар дарддӕр агурдзысты ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы

© Sputnik / Ирина Геращенко /  Ахизын медиабанкмæӔхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитет
Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитет  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитет республикӕйы ӕххуыс кӕны сбӕрӕг кӕнын гоймӕгты хъысмӕт, кӕцытӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты 1990-2008 ӕзты хӕстыты рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 4 мая – Sputnik, Козаты Диана. Фӕсконфликтон уавӕр ӕрбиноныг кӕныны фӕдыл ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт Сырх Дзуары минӕварады сӕргълӕууӕг Кармен Эчесарретимӕ ӕрдзырдта организацийы архайды фӕдыл карантинон уавӕрты.

Ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты ӕхсӕнадӕмон бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Марина: ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты агуырд у Сырх Дзуары сӕйрагдӕр приоритеттӕй иу

Ӕхсӕнадӕмон организацийы сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлд ацыд къуырисӕры, фехъусын кодтой ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты. Фембӕлды хайад райстой адӕймаджы барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Тасойты Инал ӕмӕ ӕххӕстбарджын минӕвары хӕдивӕг Коцты Егор, афтӕ ма Сырх Дзуары комитеты кусджытӕ Тедеты Нана ӕмӕ Тедеты Марина.

"Ӕрдзырдтой Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитеты гуманитарон архайдыл Хуссар Ирыстоны ныры уавӕрты, сӕйраджыдӕр, Гуырдзыстонмӕ хӕстӕг районты. Сӕйраг хъусдард здӕхт уыд Хуссар Ирыстоны ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг цӕрджыты хъысмӕт сбӕрӕг кӕныны хъуыддагмӕ", - фехъусын кодтой аппараты.

Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитет республикӕйы ӕххуыс кӕны сбӕрӕг кӕнын гоймӕгты хъысмӕт, кӕцытӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты 1990-2008 ӕзты хӕстыты рӕстӕджы. Нысангонд ӕрцыд, 170 бинонтӕй фылдӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц  сӕ хиуӕтты хъысмӕты фӕдыл информацимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0