Цӕгат Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт рестораны

© МЧС РСО-АланияЦӕгат Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт рестораны
Цӕгат Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт рестораны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсирвӕзт хуыссын кӕнынмӕ, кӕцы ӕрцыд хуыцаубоны ӕхсӕвы, ӕрбаздахтой ирвӕзынгӕнӕн уагдоны ӕрдӕг сӕдӕмӕ ӕввахс кусӕджы

ЦХИНВАЛ, 4 май - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Горӕтгӕрон районы ссыгъд ресторан ӕмӕ беседкӕтӕ йӕ территорийыл, зынгсирвӕзты фӕзуат уыд 2,5 мин квадратон метры, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

Зынгфӕдисонты радгӕсон хайадмӕ цауы фӕдыл информаци ӕрбацыд хуыцаубоны ӕхсӕвы 00.20 сахатыл.

Посмотреть эту публикацию в Instagram

Публикация от ЧП / ВЛАДИКАВКАЗ 🔞1️⃣ (@chp_vladikavkaz)

Уагдоны куыд радзырдтой РИА Новостийӕн, афтӕмӕй зынгсирвӕзт ӕрцыд ресторан "Фермер"-ы Ӕрхонкӕйы станицайы.

"Зынгсирвӕзт кӕронмӕ аиуварс кодтой 6.00 сахатыл. Арты фӕзуат уыд 2,5 мин квадратон метры", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй, бафтыдтой уагдоны. Арт хуыссын кӕнынмӕ ӕрбаздахтой 56 адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы 15 иуӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0