Цъындатӕ ӕмӕ хӕлцад: куыд ӕххуыс кодта фронтӕн Дриаты Наталья

© Sputnik / Natalia AiriyanНаталья Дриаты
Наталья Дриаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгӕ революционеры фӕдон, йӕ кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ цӕрдӕг сылгоймаг Дриаты Наталья йӕ 89 азы къӕсӕрыл уырнын кӕны, йӕ зӕрдыл кӕй дары дунейы тугкалӕндӕр хӕстытӕй иуы алкӕцы бон дӕр

ЦХИНВАЛ, 4 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Зынгӕ революцион архайӕг Дриаты Антоны фырт Алексийы чызг, Стыр Фыдыбӕстон хӕсты фӕсчъылдымы архайӕг Дриаты Наталья цӕры Ленингоры районы Захъхъоры хъӕуы. Карджын сылгоймаг радзырдта Sputnik, сывӕллон уӕвгӕйӕ, уыдон куыд куыд фыдӕбон кодтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджыты цард тохы быдыры фӕрог кӕныны тыххӕй.

Дриаты Наталья райгуырд Ленингоры районы Абреуы хъӕуы 1931 азы 14 майы.  Йӕ мысинӕгтӕ райдайы йӕ номдзыд фыдӕлы коййӕ.

© Sputnik / Natalia AiriyanНаталья Дриаты
Цъындатӕ ӕмӕ хӕлцад: куыд ӕххуыс кодта фронтӕн Дриаты Наталья - Sputnik Хуссар Ирыстон
Наталья Дриаты

Хуссар Иры стӕм адӕймаг ис ссарӕн, кӕцы нӕ фехъуста, науӕд та нӕ базарад адӕмон зарӕг "Дзауы уӕрдӕттӕ". Адӕмон хъайтар, фыццаг уырыссаг революцийы архайӕг, Лехурайы комы ӕфсады разамонӕг Дриаты Антон уыд Натальяйӕн йӕ фыды фыд. Уый фӕмард ӕнӕмсӕр тохы  Цхилоны хъӕумӕ хӕстӕг хъазахъты ӕрхъулайы фӕстиуӕгӕн. Хъайтары номыл райгуырд  Антоны зарӕг, науӕд та "Дзауы уӕрдӕттӕ".

"Зарӕг иу хатт Цхинвалы фехъуыстон, уӕд ӕрӕлӕуыдтӕн ӕмӕ йӕм хъуыстон, сӕрыстыр  уыдтӕн алыхатт дӕр мӕ фыды фыдӕй. Мӕгуыр адӕмы сӕрыл тох кодта. Стӕй иу ӕй адӕм дӕр тынг зыдтой ӕмӕ дзы буц уыдтӕн алкӕддӕр", - дзуры Наталья.

Йӕ 89 азы къӕсӕрыл, йӕ кармӕ ӕнӕкӕгӕйӕ цӕрдӕг сылгоймаг уырнын кӕны, йӕ зӕрдыл кӕй дары дунейы тугкалӕндӕр хӕстытӕй иуы алкӕцы бон дӕр.

"Стыр бинонтӕ уыдыстӕм - авд хо ӕмӕ иу ӕфсымӕр, ӕз уыдтӕн ӕртыккаг. Дӕс азы мыл цыд. Нӕ сыхаг нӕм фехъусын кодта, зӕгъгӕ, райдыдта хӕст ӕмӕ цӕуы мобилизаци. Мӕ фыд Алекси уыд хъӕуы колхозы сӕрдар. Уый, куыд хъӕуы хицау, афтӕ йӕ нӕ акодтой хӕстмӕ, фӕлӕ ӕппӕт тыхтӕ радта форонтӕн лӕггадмӕ", - мысы сылгоймаг.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, тынг зын рӕстӕг ӕркодта куыд хӕсты быдырмӕ чи ацыд, афтӕ фӕсчъылдымы архайджытӕн дӕр.

Хуссар Иры ветерантӕн Уӕлахизы 75 азмӕ бафиддзысты милуан сомӕй фылдӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ветерантӕн Уӕлахизы 75 азмӕ бафиддзысты милуан сомӕй фылдӕр

"Мах иууылдӕр куыстам: хус кодтам дыргътӕ, цъындатӕ быдтам, ӕххуыс кодтам нӕ нанатӕн. Мӕгуыр рӕстӕг уыд, сӕкӕр дӕр кӕм уыд, уымгӕ гӕсгӕ сагътам цӕхӕра. Уыцы рӕстӕджы ма уыд партизантӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой хъӕу ӕмӕ ма сӕ хъус дардтой, цӕмӕй фронтӕй ма рахъуызой, уымӕ. Уыдонӕн дӕр аходӕн мах арызтам", - дзуры йӕ мысинӕгтӕ Наталья.

Стыр Уӕлахизы рӕстӕджы Наталья Алексийы чызг уыд фӕндзӕм къласы.

"Мах иууылдӕр фыдӕбон кодтам сывӕллонӕй-стырӕй. Нӕ муртӕ нын стӕй посылкӕты рвыстой фронтмӕ. Абон дӕр ма йӕ хъуыды кӕнын, куыд нӕм ӕрыхъуыст Уӕлахизы кой, уырнгӕ дӕр нӕ нал кодта фыр цинӕй", - дзуры сылгоймаг.

Скъолайы фӕстӕ Дриаты Наталья фӕцис ахуыр Тбилисы, уый фӕстӕ куыста хъомылгӕнӕгӕй, 1954 азы та фӕцыд чындзы Захъхъоры хъӕумӕ, уым трассӕйы дӕлвӕндаг чысыл райдзаст къуымы цӕры абон дӕр.

"Схъомыл кодтон 6 сывӕллоны, ис мын авд хъӕбулы хъӕбулы, уыдонӕн та ноджы ӕхсӕз. Мӕхи амондджын сылгоймагыл нымайын", - загъта уый.

© Sputnik / Natalia Airiyan Наталья Дриаты
Цъындатӕ ӕмӕ хӕлцад: куыд ӕххуыс кодта фронтӕн Дриаты Наталья - Sputnik Хуссар Ирыстон
Наталья Дриаты

Фондз азы размӕ Дриаты Натальяйӕн ӕрбахастой майдан дӕр - юбилейон хорзӕх нывонд у Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл 70 азы сӕххӕстӕн. Сылгоймаг ныр бирӕ ӕзты дӕргъы нал уыд Цхинвалы Уӕлахизы парады, йӕ бӕллиц у ацы аз йӕм уӕддӕр ныфтын.

Ног хабӕртты лентӕ
0