Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынуӕвӕджы

© Sputnik / Нина Алексеева /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инфекци сбӕрӕг кӕныны фӕдыл тест равдыста вирусы уӕвынад, рынчыны сизоляци кодтой сӕрмагонд боксы

ЦХИНВАЛ, 6 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй фыццаг фӕрынчынуӕвӕджы. Низ фӕзынд, пациент карантиныл куы уыд, уӕд. Ныртӕккӕ йӕ сизоляци кодтой.

Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фабрикӕ БТК-4 бахуыдта хъахъхъӕнӕн костюмтæ Хуссар Иры медиктӕн

Медикты информацимӕ гӕсгӕ, фӕрынчынуӕвӕг ӕрцыд республикӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕды фӕстӕ.

Хуссар Ирыстоны абоны онг нӕ уыд коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджытӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0