Хуссар Иры карантины уӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕн нал ис гӕнӕн бадӕттын хӕлцадон продукттӕ

© Пресс-служба МВД РЮО.Хуссар Иры карантины уӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕн нал ис гӕнӕн бадӕттын хӕлцадон продукттӕ
Хуссар Иры карантины уӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕн нал ис гӕнӕн бадӕттын хӕлцадон продукттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ сты карантины медицинон уагдӕтты ӕмӕ уазӕгдон "Алан"-ы, гӕнӕн ис бадӕттын ӕрмӕстдӕр сывӕллӕтты хӕлцад ӕмӕ сӕрмагонд гигиенӕйы фӕрӕзтӕ

ЦХИНВАЛ, 12 май – Sputnik, Козаты Диана. Ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ сты карантины, нал ис гӕнӕн бадӕттын хӕлцадон продукттӕ. Тобӕйы фӕдыл барамынд бафыста Хуссар Ирыстоны МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорь дыццӕджы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ Уӕрӕсейӕ, афтӕ ма шофырты, кӕцытӕ ласынц базайрӕгтӕ Хуссар Ирыстонмӕ, бакодтой карантины столицӕ ӕмӕ районты медицинон уагдӕттӕм. Ацы объектты ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕнынц милицийы кусджытӕ.

"Ӕхсӕнадон фӕтк сӕххӕст кӕнын ӕмӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусон инфекцийы апарахат ма руадзыны фӕдыл мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь бафыста барамынд карантины уӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕн хӕлцадон продукттӕ исыныл тобӕ сӕвӕрыны фӕдыл", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Тобӕ бахызт йӕ тыхы 12 майы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн сӕрмагонд барамынды онг. Ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ сты карантины медицинон уагдӕтты ӕмӕ уазӕгдон "Алан"-ы, гӕнӕн ис бадӕттын ӕрмӕстдӕр сывӕллӕтты хӕлцад ӕмӕ сӕрмагонд гигиенӕйы фӕрӕзтӕ.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры иу суткӕмӕ не сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй рынчынты

МХМ бафӕдзӕхстой, карантинон режим фехалджытӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн административон бӕрн.

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0