ЦХИНВАЛ, 12 мая – Sputnik, Козаты Диана. Мӕскуыйы бафыстой бадзырд Хуссар Ирыстонӕн финансон ӕххуыс бакӕныны фӕдыл. Документ хъуамӕ ӕрбиноныг кӕна дыууӕ бӕстӕйы нормативон акттӕ финансон фарстыты Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады функцитӕ УФ экономикӕйы министрадӕн раттыны фӕстӕ.
Мӕскуыйы Хуссар Ирыстоны финансты министрад ӕмӕ УФ экономикон райрӕзты министрад бафыстой бадзырд Хуссар Ирыстонӕн финансон ӕххуыс бакӕныны фӕдыл. Документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой хуссарирыстойнаг минӕвар Гасситы Знауыр ӕмӕ УФ экономикон райрӕзты министры фыццаг хӕдивӕг Михаил Бабич, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны минӕварады пресс-службӕ Мӕскуыйы.
"Уый у техникон документ. Уӕрӕсейы кӕй сликвидаци кодтой Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрад ӕмӕ йын йӕ функцитӕ кӕй радтой экономикӕйы министрадӕн, уый фӕдыл хъуыдис бафыссын ног бадзырд", - банысан кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны финансты министры фыццаг хӕдивӕг Тыбылты Марина.
Документтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсе финансон ӕххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн.
Хуссар Ирыстонӕн социалон экономикон ӕххуыс бакӕнын фӕдыл Инвестпрограммӕ 2020-2022 ӕзтӕм сфидар кодтой ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадтыл 2019 азы апрелы.
Ӕртӕазон программӕйы, кӕцыйы бюджет у 4,5 миллиард сомы, ис 52 мадзалы, кӕцытӕ здӕхт сты социалон объектты дарддӕры арӕзтадмӕ.