Ирон адæмы геноциды кой кæнджыты бабын кодтой репресситы – Дзабиты Зарбег

© Sputnik / Natalia Airiyan Дзабиты Зарбег
Дзабиты Зарбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Филологон зонæдты кандитат Дзабиты Зарбег радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ирон адæмы геноциды тыххæй
Геноцидыл йæ рæстæгыл хъуыд дзурын – Дзабиты Зарбег

Хуссар Ирыстоны президенты барамындмæ гæсгæ 2020 аз нымад цæуы ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты фæдыл мысæн азæй. Бирæ трагикон цаутæ æрцыд уыцы рæстæджы. Дзабиты Зарбеджы ныхæстæм гæсгæ, уыцы рæстæджы чидæриддæр сдзырдта геноциды тыххæй, уыдон бабын кодтой репресситы.

"Джиоты Гавруш нын радзырдта, Тыбылты Алыксандры куыд æрцахстой - мæ ныхмæ цард, зæгъгæ, уыд рынчын лæг æмæ йæ куы æрцахстой, уæд æй тынг фæнадтой, йæ къæхтыл ын ныххæцыдысты, баластой йæ мидæмæ æмæ йæ ахæстоны баппæрстой", - загъта Зарбег.

Зарбег куыд загъта, афтæмæй Алыксандр геноцидыл кæй сдзырдта, уымæн æй бафхæрдтой.

"Ацы фæнд рагæй уыд гуырдзиæгтæм, цæмæй ирон адæм скуыннæг кæной, суанг цыппæрæм æнусæй фæстæмæ", - банысан кодта ахуыргонд.

Дзабиты Зарбег банысан кодта, ацы цаутыл рагæй фæстæмæ дæр кæй хъуыд дзурын, фыссын, цæмæй сæ адæм зыдтаиккой.

Ног хабӕртты лентӕ
0