Спорт карантины уавӕрты: куыд цӕттӕ кӕнынц цхинвайлаг уӕлахиздзаутӕ ерыстӕм

© AFP 2022 / Hazem BaderСпорт карантины уавӕрты
Спорт карантины уавӕрты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры карантинон тобӕтӕ аххӕссыдысты куыд ахуырадон уагдӕттыл, афтӕ ма спортивон секцитыл дӕр. Sputnik бацымыдис кодта, куыд цӕуы уӕлахизтыл буцахуыр спортсменты цард карантины уавӕрты

ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны спортсментӕ, ерысты ӕппынӕдзух уӕлахиздзаутӕ ныр дыууӕ мӕйы нал бахызтысты Спорты скъолайы къӕсӕрӕй. Хуссар Ирыстоны марты кӕронӕй бакондӕуыд карантин, тобӕ аххӕссыд куыд ахуырадон уагдӕттыл, афтӕ ма спортивон секцитыл дӕр. 

Хуссар  Ирыстоны дзыллӕйӕн сӕрыстыр уӕвыны фадӕттӕ арӕх аразынц йӕ спортсментӕ, дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ ӕрвылмӕй дӕр коронавирусы апарахаты размӕ хъусын кодтой ирон богалтӕ, боксертӕ, армрестлертӕ ӕмӕ ӕндӕр спортсменты ӕнтыстытӕ. Sputnik бацымыдис кодта, куыд цӕуы уӕлахизтыл буцахуыр спортсменты цард карантины уавӕрты.

© Sputnik / Наталья АйриянТулдзы къох Цхинвалы
Спорт карантины уавӕрты: куыд цӕттӕ кӕнынц цхинвайлаг уӕлахиздзаутӕ ерыстӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тулдзы къох Цхинвалы

Тулдзы къох богалтӕн

Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ Хуссар Ирыстонӕй ивгъуыд аз расгуыхтысты Уӕрӕсейы фыццагад ӕмӕ йӕ фӕстӕ та Европӕ ӕмӕ дунейы ерысты. Республикӕйы цытимӕ ӕмбӕлдысты Зассеты Арсӕмӕг, Бестауты Андрей ӕмӕ Дзӕгъиаты Сосланыл. Уӕлахиздзаутӕ сӕ аннӕ ӕмсекционтимӕ ныр сӕхи цӕттӕ кӕнынц Тулдзы къохы.

"Ӕвзонг ӕмӕ фидар лӕппутӕ сты, дыууӕ мӕй уыдонӕн ницы ракӕндзӕн. Гауызыл цӕттӕ кӕныны фадат нӕй, секци у ӕхгӕд, фӕлӕ Тулдзы къохы цӕуы куыст. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм домӕнтӕ ӕмӕ кусӕм", - загъта Sputnik уӕгъдибар хъӕбысхӕсты тренер Коцты Тамерлан.

Коронавирусы апарахаты рӕстӕджы канд богалтӕ не 'руарзтой Цхинвалы ныгуылӕн хай, фӕлӕ ма Тулдзы къохмӕ ӕрвылбон афӕндараст вӕййынц ӕрмхӕцджытӕ дӕр.

Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры скъолаты карантин адарддӕр кодтой ахуырадон азы фӕудмӕ

Ацы секци дӕр у ӕнтыстджынӕртӕй сӕ иу. Нымӕцӕй чысыл, фӕлӕ ӕнтыстджын спортсменты нымӕцы ис дунейы, Европӕйы ӕмӕ Уӕрӕсейы чемпионтӕ.

"Спорты скъола у ӕхгӕд ӕмӕ ам цӕттӕ кӕнӕм нӕхи. Ацы аз аргъӕвтой ӕппӕт ерыстӕ, иууыл ӕввахсдӕр дзы ис Цӕгат Иры фыццагад ӕмӕ чемпионат декабры, фӕлӕ уӕддӕр спортивон цӕттӕдзинад бынмӕ уадзӕн нӕй", - радзырдта армрестлерты тренер Джиоты Валерий.

Дистанцион тренировкӕтӕ

Хуссар Ирыстоны иууыл стырдӕр секцитӕй иу у боксы хайад. Ацы спорты сусӕгдзинӕдтыл цайдагъ кӕнынц канд Боксы скъолайы ӕмӕ Спорты галуан "Олимп"-ы нӕ, фӕлӕ ма Уӕлдӕр спортивон дӕсныйады скъолайы дӕр. Боксы скъолайы дӕр аннӕ ахуырадон уагдӕттау цагдӕттай цӕттӕ кӕнынц тренировкӕты дистанцион формӕтӕ. 

"Иууыл чысылтӕн хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕм телефоны руаджы, фӕлӕ ерысты ӕдзух архайджыты афтӕ уӕлӕнгай нӕй ныууадзӕн. 20 лӕппуйы активонӕй цӕттӕ кӕнынц залы ӕддейӕ, хицӕнтӕй. Бирӕ ерыстӕ ныффӕстиат сты, фӕлӕ нӕм куыддӕр фӕсидой, афтӕ хъуамӕ фӕсивӕд цӕттӕ уой тох кӕнынмӕ", - загъта Sputnik Боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.

Марты кӕрон хицауады барамындӕй Хуссар Ирыстоны ӕппӕт базарадон объекттӕ, ахуырадон уагдӕттӕ сӕхгӕдтой карантинмӕ, тобӕ нӕ аххӕссыд ӕрмӕст хӕлцад ӕмӕ цардуагон продукттӕй чи базар кӕны, уыцы дуканитӕ ӕмӕ афтектыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0