ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынтӕ сты иууылдӕр ӕрцӕуӕггӕгтӕ, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Хуссар Ир 30 апрелы онг коронавирусӕй уыд хызт. Тобӕтӕ ӕмӕ Транскамы карз режимы куыст дӕттой фӕстиуджытӕ. Ивгъуыд мӕйы кӕрон Хуссар Ирыстонмӕ ӕмбӕстӕгтӕй чи здӕхт, уыдоны хсӕн разынд рынчынтӕ. Ныридӕгӕн сӕ нымӕц у 25.
Уымӕй дарддӕр ма сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ Уӕрӕсейӕ ахуыргӕнӕн уагдӕттӕй курсанттӕ куы ӕрыздӕхтысты, кӕцыты нымӕц разынд рынчынтӕ, уӕд адӕмы хсӕн сарӕх сты дам-думтӕ, уыдонмӕ рынчындонмӕ, карантины режим фехалгӕйӕ, кӕй бацыдысты сӕ ныййарджытӕ ӕмӕ ӕввахс адӕм.
"Ныридӕгӕн кӕмӕндӕриддӕр сбӕлвырд кодтой коронавирус, уыдон сты ӕрцӕуӕггӕгтӕ. Махмӕ нӕй официалон факттӕ, рынчынтӕн кӕй уыд контакттӕ бынӕттонтимӕ. Уыдон ӕппынӕдзух цӕуынц хъахъхъӕд", - загъта Гаглойты Анна.
Карантины уӕвджыты изоляцийы режиммӕ йӕ хъус дарынц МХМ-йы кусджытӕ.
"Нӕдӕр фӕндагыл, нӕдӕр рынчындоны уӕвгӕйӕ уыдонимӕ ничи фембӕлд", - загъой МХМ- йы пресс-службӕйы.