ЦХИНВАЛ, 15 май - Sputnik, Козаты Диана. Югосетпотребнадзор фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы кӕй не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты. Иумӕйагӕй республикӕйы COVID-19-ӕй фӕрынчын сты 30 адӕймаджы, сӕ фылдӕр хай сты УФ ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты курсанттӕ, загъта Югосетпотребнадзоры комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Республикӕмӕ тест-системӕтӕ куы ‘рластой, уӕдӕй фӕстӕмӕ уагдоны лабораторийы ауагътой 600 анализӕй фылдӕр. Ныр та ацы хъуыддаджы хуссарирыстойнаг медиктӕн ӕххуыс кӕнынц Ставрополы емынӕйы ныхмӕ институты специалисттӕ.
"Знон ауагътам ноджы 48 тесты, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад", - радзырдта Гаглойты Анна.
Уый фидарӕй загъта, коронавирусӕй рынчынтӕ иууылдӕр кӕй уыдысты карантины. Инфекцийы локализацийы тыххӕй оперативон штабы рабадтыл фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий дӕр.
Карантины сты республикӕйы 346 цӕрӕджы, уыдонӕй медицинон хъусдарды бын сты 239.
Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.
Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.