ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Национ банк сывӕллӕтты фонды куырдиатмӕ гӕсгӕ Цхинвалы скъола-интернеты хъомылгӕнинӕгтӕй 19-ӕн рахицӕн кодта финансон фӕрӕзтӕ смартфонтӕ балхӕнынӕн, фехъусын кодта Sputnik банчы хистӕр Зассеты Феликс.
Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахаты тасӕй марты кӕрон бакодтой карантин, уый фӕстӕ скъолаты цадӕггай райдыдтой нывыл кӕнын дистанцион ахуырад. Фӕлӕ республикӕйы ис интернетимӕ проблемӕтӕ, кӕцыдӕр сывӕллӕттӕн та нӕй ӕмбӕлон ӕууӕлтимӕ телефонтӕ.
"Ивгъуыд мӕйы нӕм ӕрбахатыд сывӕллӕтты фонды хистӕр Тедеты Роланд, цӕмӕй Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕй 19-ӕн самал кӕнӕм смартфонтӕ. Национ банчы разамынад аскъуыддзаг кодта ахуырдзауты къух саразын. Сывӕллӕттӕн рахицӕн кодтам 137 мин сомы", - загъта Зассеты Феликс.
Банысан кӕнын ӕмбӕлы, Национ банкӕн уый йӕ фыццаг ӕххуыс кӕй нӕу сидзӕр сывӕллӕттӕн.