Коронавирус нӕ бандавдзӕн Инвестпрограммӕйы реализацийы ӕмгъуыдыл – арӕзтады министрад

© Sputnik / Наталья АйриянАрӕзтадон процесс
Арӕзтадон процесс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕххӕст арӕзтадон процесс нывӕндынц райдайын июны ӕмӕ йӕ балхынцъ кӕндзысты азы кӕрӕттӕм, банысан кодта уагдоны сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 18 май - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. COVID-19-ы пандеми ӕмӕ йемӕ баст карантинон мадзӕлттӕ нӕ бандавдзысты 2020 азмӕ инвестицион программӕйы реализацийы ӕмгъуыдыл, фехъусын кодта Sputnik арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард.

"Нардуатон организацитимӕ сфидар кодам куыстыты график, кӕцымӕ гӕсгӕ ӕххӕст арӕзтадон куыст райдайдзӕн июны ӕмӕ балхынцъ уыдзӕн ацы азы кӕрӕтты", - банысан кодта министр.

Афтӕ ма уагдоны сӕргълӕууӕг бахахх кодта, практикӕйыл арӕнӕвӕрдтӕ хъыгдарынц куыстытӕ ӕмӕ цӕттӕкӕнынад уыдонмӕ. Аразджытӕн фӕзынд проблемӕ республикӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ӕрласынимӕ, афтӕ ма арӕны сӕхгӕды тыххӕй сӕ бон нӕу ӕрцӕуын специалист-монтажниктӕн.

Гуфта-Къуаиса фӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантинмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ: премьер бахӕс кодта фӕтагъддӕр кӕнын Гуфта-Къуаиса фӕндаджы арӕзтад

"Уӕрӕсейы бакодтой арӕнӕвӕрдтӕ бирӕ куыстуатты архайдыл, кӕцытӕ уадзынц арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ӕмӕ ифтонггарз. Ныртӕккӕ уым арӕнӕвӕрдтӕ исынц. Нӕ республикӕйы паддзахадон арӕны баконд баст у Уӕрӕсекйы уавӕримӕ. Нырма нын бирӕ рӕстӕг ис. Уырны мӕ, июны кӕй рахиздзыстмӕ куысты нывӕзтгонд темптӕм ӕмӕ среализаци кӕндзыстӕм программӕ азы кӕронмӕ", - фехъусын кодта Зӕгъойты Эдуард.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны бон уадзынц арӕзтадон куыстытӕ цхинвайлаг ӕртыккаг астӕуккаг скъолайы ӕмӕ дыууӕ 18-фатерон цӕрӕг хӕдзары Дзауы поселочы. Уагъд цӕуы Гуфта-Къуаиса фӕндаджы арӕзтады ӕртыккаг этап. Бирӕ объектты куыстытӕ ӕрурӕдтой карантины тыххӕй. Фыццаджыдӕр, уый баст у республикӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ласынимӕ проблемӕты тыххӕй. Фӕлӕ Инвестпрограммӕйы объекттӕн рахицӕн кодтой автотранспортон фӕрӕзтӕ, кӕцытӕ ласдзысты арӕзтадон ӕрмӕджытӕ.

"Сӕ номхыгъд сын арвыстам экономикон райрӕзты министрадмӕ, цӕмӕй сӕ хыгъды сӕвӕрой  уӕзласӕн транспорт ахизынӕн арӕны уылты. Уымӕ гӕсгӕ хӕдтулгӕтӕ бацӕуынц республикӕмӕ, шофыртӕ кабинӕйӕ нӕ рахизынц ӕмӕ уаргъ куы райсынц хӕдтулгӕйӕ, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхынц Уӕрӕсемӕ", - банысан кодта Зӕгъойты Эдуард.

2020-2022 азтӕм инвестицион программӕйы сконды ис 50 мадзалӕй фылдӕр.

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0