"Уæ ахуыр - нæ фидæны бындур": президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн
Президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз президент дидинджыты бæсты балæвар кодта студентæн фæлмæн хъазæнтæ æмæ банысан кодта гендерон æнæрастдзинад се’ хсæн

ЦХИНВАЛ, 18 май - Sputnik, Гæбæраты Ян. Студентты æнтыстытæ ахуыры æвзæрын кæнынц ныфс, бæстæ æмæ зонадæн кæй уыдзæн размæцыд фидæн, загъта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ХИПУ-йы хуыздæр студенттæн президентон стипендитæ дæттыны церемонийы.

© Sputnik / Natalia Airiyan Президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн
Уæ ахуыр - нæ фидæны бындур: президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн

Президенты администрацийы бæстыхайы традицион церемонимæ æрбамбырд сты дæсгай хæрзфæлыст чызджытæ æмæ æрмæстдæр иу лæппу.

"Фæнды мæ зæгъын сымахæн бузныг уæ цæсгомджын ахасты тыххæй ахуырмæ, сымах иннæ студентæн дæр стут дæнцæг. Уæ ахуырæй æвæрут фидар бындур нæ республикæйы æнтысджын фидæнæн ", - загъта Бибылты Анатолий студенттæн.

Ӕрæмбырдуæвджыты хсæн уыдысты ХИПУ-йы ирон æвзаджы, юриспрудеци æмæ математикæйы факультетты студенттæ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Президент Анатолий Бибилов вручил именные стипендии студентам ЮОГУ
Уæ ахуыр - нæ фидæны бындур: президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент Анатолий Бибилов вручил именные стипендии студентам ЮОГУ

Президент банысан кодта, фембæлды кæй уыд æрмæстдæр иу æвзонг лæппу.

"Ам ис гендерон æнæрастдзинад, фæлæ мæ уырны, кæй ис бирæ лæппутæ, кæцытæ дæр ахуыр кæнынц хорз æмæ иннæ аз райсдзысты ступендитæ. Афтæ иу сын зæгъут", - æрсидт бæстæйы сæргълæууæг студенттæм.

© Sputnik / Natalia Airiyan Президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн
Уæ ахуыр - нæ фидæны бындур: президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн

Ирон æвзаг æмæ литературæйы студенткæ Къуылыхты Анна бузныг загъта Бибылты Анатолийæн мадæлон æвзаджы проблемæтæм йæ æппынæдзух хъусдарды тыххæй.

"Нæ нысан – бахъахъхъæнын мадæлон æвзаг æмæ нын æнтысгæ дæр бакæндзæн", - загъта студенткæ.

Мадзалы кæрон президент бакодта ноджы иу лæвар – æцæг пулемет ППШ. Уый йæ лæвар радта ректор Тедеты Вадиммæ æмæ равдыста ныфс, уый кæй суыдзæн ахуырадон уагдоны музейы экспонат.

© Sputnik / Natalia Airiyan Президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн
Уæ ахуыр - нæ фидæны бындур: президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн

 

Ног хабӕртты лентӕ
0