ЦХИНВАЛ, 20 май - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Зары трагеди у Хуссар Ирыстоны ныры историйы ӕгъатырдӕр цаутӕй сӕ иу. Ӕрвылаз 20 майы Зары хъӕуы сӕрмӕ мемориалы раз ӕрӕмбырд вӕййынц сӕдӕгай адӕм.
Абон дӕр, ӕртыццӕджы, карантинон мадзӕлттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, Зары хъӕуы 'рдӕм ацыд хӕдтулгӕты даргъ колоннӕ.
Цыртдзӕвӕны раз митингы райдайӕнмӕ ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай адӕм. Сӕ нымӕцы – бӕстӕйы уагдӕттӕ ӕмӕ министрӕдты минӕвӕрттӕ, солдаттӕ, амалиуӕггӕнджытӕ, президент Бибылты Анатолий, Зары трагедийы амӕттӕгты хицӕуӕттӕ, журналисттӕ.
Мемориалмӕ фыццаг дидинтӕ сӕвӕрдта Бибылты Анатолий. Респпубликӕйы цӕрджытӕ дыууӕн минутмӕ ӕввахс цыдысты мемориалмӕ.
Дидинтӕ сӕвӕрыны церемонийы фӕстӕ республикӕйы президент ралӕууыд ӕрӕмбырдуӕвджыты раз.
"Дыууын аст азы мах цӕуӕм ардӕм, цӕмӕй ссарӕм Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Уыцы рӕстӕг амӕттӕгты хиуӕттӕ калынц сӕ цӕссыгтӕ. Ӕмӕ ныры онг Гуырдзыстоны нӕ разынд иу лӕг, кӕцы ракурдзӕн хатыр ацы ӕвирхъау фыдракӕнды тыххӕй", - загъта президент.
Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйы фӕстӕ Бибылты Анатолий адарддӕр кодта йӕ раныхас ӕмӕ дзырд радта, Хуссар Ирыстон дарддӕр кӕй тырндзӕн, цӕмӕй банымайой ирон адӕмы геноцид.
"Мах хъуамӕ макуы ферох кӕнӕм фӕмардуӕвджыты, мах хъуамӕ адарддӕр кӕнӕм уыцы хӕслӕвӕрд, кӕцыйы тыххӕй мардтой нӕ адӕмы", - загъта президент.
Зары трагеди нымад æрцыд Хуссар Ирыстоны ног историйы иууыл æгъатырдæртæй сæ иуыл, йæ амæттаг баисты 36 адæймаджы, 12 райстой цæфтæ. Фæмардуæвджытæй иууыл кæстæр уыд 11-аздзыд сывæллон, иууыл хистæрыл та цыд 76 азы.
Абон Хуссар Ирыстоны æруагътой паддзахадон тырысатæ Зары трагедийы амæттæгты мысæнæн. Фыдракæнды бынаты фæмардуæвджыты цыртмæ сæвæрдзысты дидинтæ, ацæудзæн дзы фыдохы митинг.