Цхинвалы æрæвнæлдтой Фидауынгæнджыты уынджы хæрзарæзтадмæ

© Photo : Дриаты ЛейлаЦхинвалы æрæвнæлдтой Фидауынгæнджыты уынджы хæрзарæзтадмæ
Цхинвалы æрæвнæлдтой Фидауынгæнджыты уынджы хæрзарæзтадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уынгыл ивд цæуынц зæххы бын коммуникацитæ. Уый фæстæ хæдзæртты кæртытæ асфальт æрцæудзысты, банысан кодта Цхинвалы ЦКХ минæвар

ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты Фидауынгæнæг тыхты уынгыл æрæвнæлдтой хæрзарæзтадон куыстытæм, фехъусын кодта Sputnik Цхинвады администрацийы ЦКХ сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Юрий.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ЦКХ иуварс кæны уынгтыл фæндагаразджыты рæдыдтытæ

Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ ныртæккæ цæуынц уынджы 2, 5, 8, 10 æмæ 12-æм бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс.

"Ам ивд цæуынц зæххы бын коммуникацитæ. Уый фæстæ хæдзæртты кæртытæ асфальт æрцæудзысты. Корпусты рæзты цы газонтæ ис, уыдонмæ дæр базилдзыстæм, дидинджытæ сæ ныссадздзыстæм", - загъта Джиойы Юрий.

ЦКХ сæргълæууæджы хæдивæг ма банысан кодта, зæгъгæ, ацы уынджы фæстæ та ахæм æнгæс куыстытæ бакæндзысты Джиоты Аланы проспекты кæрон бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты æмæ Гафезы уынгыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0