Центр "Лидер"-ы сапертæ не 'рцæудзысты Хуссар Ирмæ пандемийы тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянЦентр "Лидер"-ы сапертæ
Центр Лидер-ы сапертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг сапертæ 2016 азæй фæстæмæ æххуыс кодтой респуьликæйы территори минæтæй ссыгъдæг кæныны хъуыддаджы. Хуссар Иры УУМ радзырдтой, цæмæннæ ацæудзæн мадзалы фæндзæм этап

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. Уæлдай тæссагдæр ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл уæрæсейаг Центр "Лидер"-ы саперты бон не суыдзæн 2020 азы æрцæуын Хуссар Ирыстонмæ пандемийы тыххæй, фехъусын кодта Sputnik республикæйы Уæлвæткон уавæрты министры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз.

Хуссар Иры территорийыл сапертæ ссартой 200 рæмудзæн æрмæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры территорийыл сапертæ ссартой 200 рæмудзæн æрмæджы

Ацы аз хъуамæ уагъд æрцыдаид республикæйы территори гуырдзиаг-ирон хæстæй баззайæг минæтæй ссыгъдæг кæныны фæндзæм этап.

Фыццаг хатт  "Лидеры" сапертæ æрцыдысты республикæмæ 2016 азы. Уыдон асыгъдæг кодтой сæдæйæ фылдæр гектары - куыстыты фæстиуæгæн ссардтой æмæ сæнæзианхъом кодтой минæй фылдæр рæмудзæн æрмæджы.

"Сапертæ Хуссар Иры территори минæтæй сыгъдæг кодтой цыппар азы фæд-фæдыл. Ацы аз куыстытæ хъуамæ адарддæр уыдаиккой Зары бæрзæндыл. Минæтæ баззадысты æфсæддон базæты бынæтты æмæ сты тынг тæссаг", - загъта Бестауты Ацæмæз.

Кæй минæтæй тæссаг бынæтты лæууынц сæрмагонд нысæнттæ, уæддæр УУМ уæлæмхасæй сиды цæрджытæм, цæмæй сæхи хъахъхъæной æмæ ма цæуой тæссаг территоритæм.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0