"Уарзын сӕ тынг": Чилӕхсаты Мурӕт йӕ 'нӕпайда фермӕйы тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Чилӕхсаты Мурӕты бӕлӕттӕ
Чилӕхсаты Мурӕты бӕлӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Ирӕтты уынджы кӕрон фӕсфӕд цӕхӕрадоны пӕр-пӕр кӕнынц алыгъуызон бӕлӕттӕ, сӕ хицау Чилӕхсаты Мурӕт сабырады цъиуты бауарзта скъолайы рӕстӕджы ӕмӕ сыл нырма дӕр йӕ зӕрдӕ не 'сивта. Нӕлгоймаг "хъазӕгой" бӕлӕттӕн лӕвар кӕны йӕ сӕрибар рӕстӕг ӕмӕ йӕ пенсийы муртӕ

ЦХИНВАЛ, 25 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры столицӕйы цӕгаттаг фарс, Ирӕтты уынджы кӕрон Чилӕхсаты Мурӕт сарӕзта улӕфӕн къуым. Ӕнахуыр хӕдзарады пӕр-пӕр кӕнынц 170 урс ӕмӕ ӕнахуыр хьулон-мулон бӕлӕттӕ. Ӕнӕпайда хӕдзарад йӕ хицауӕн лӕвар кӕнынц хорз зӕрдӕйы уаг ӕмӕ удӕнцой.

Чилӕхсаты Мурӕт сабырады цъиуты бауарзта скъолайы рӕсӕтӕджы - уӕд ахуырдзауты хсӕн бирӕ уыд бӕлондарджытӕ, ӕмӕ сыл нырма дӕр йӕ зӕрдӕ не 'сивта. Лӕг "хъазӕгой" бӕлӕттӕн лӕвар кӕны йӕ сӕрибар рӕстӕг ӕмӕ йӕ пенсийы муртӕ.

© Sputnik / Natalia AiriyanЧилӕхсаты Мурӕты бӕлӕттӕ
Уарзын сӕ тынг: Чилӕхсаты Мурӕт йӕ 'нӕпайда фермӕйы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чилӕхсаты Мурӕты бӕлӕттӕ

"Мӕ фыд дӕр ма дардта бӕлӕттӕ. Ме 'мгӕрттӕй бирӕтӕн уыд, ӕгӕрыстӕмӕй ма сӕ кӕрӕдзийӕ дӕр давтам. Ныр дӕр дзы бирӕтӕ дарынц Цхинвал ӕмӕ ӕввахс хъӕуты. Мӕ мӕргъты хсӕн ис Краснодарӕй, Ставрополӕй, Чехияйӕ - уыдон сты постон бӕлӕттӕ. Дунейы алы къуымтӕй сӕ ӕрӕмбырд  кодтон", - дзуры  Мурӕт. 

Нӕлгоймагӕн йӕ 'нахуыр хӕдзард пайда ницы хӕссы, сӕ дарын та асайы дзӕвгар хӕрдзтӕ.

"Уарзын сӕ, ам улӕфын мӕ риуы дзаг, иу рӕстӕджы мӕ денджызмӕ улӕфынмӕ акодтой ӕмӕ сӕ цалдӕр къуыри нӕ федтон ӕмӕ ٬ррайы хуызӕн уыдтӕн", - зӕгъы уый.

Йӕ мӕргъты Мурӕт ӕнӕхъусдард нӕ уадзы, ӕртӕ тасӕфтауӕг куыдзы хъахъхъӕнынц мӕргъты сабыр цард.

"Ӕртӕ къуыдз ам сты ӕппынӕдзух, уыдонӕй иу у питбуль. Ис ма мӕм хылгӕнаг уасӕгтӕ дӕр", - худы лӕг.

Битарты Гамлет  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пенсийы та – удӕнцой куыст: раздӕры барадхъахъхъӕнӕг Тъбеты сарӕзта фермерон хӕдзарад

Бӕлӕтты сабыр цард ма хъыгдарынц цъиусуртӕ, фӕлӕ уыдоны ныхмӕ дӕр Мурӕт расидт тох ӕмӕ уыдон ныр ӕмбонды кӕронмӕ ӕввахс ауыгъдӕй лӕууынц.

"Цъиусурты марын, тынг сбирӕ сты. Уайдзӕф мын кӕнынц, сырх чиныгмӕ хаст дам у, фӕлӕ мӕ пенси ацы бӕлӕттыл хардз кӕнын мӕ сӕ цъиусуртӕн бахӕрын кӕнон?!", - катай кӕны Мурӕт.

Цхинвалы дӕр фӕстаг рӕстӕджыты дунейы традици ӕрфидар ӕмӕ Мурӕты бӕлӕтты чындзӕхсӕвтӕм ӕрхонынц.

"Авӕрын дзы чындзӕхсӕвтӕм дӕр дыгай бӕлӕттӕ, цӕмӕй сӕ уарзӕттӕ ауадзой. Зонын ӕй, кӕцыты дзы ис гӕнӕн раттын - кӕцытӕ сӕхӕдӕг фӕстӕмӕ рбатӕхдзысты. Фӕлӕ ӕз ирон лӕг дӕн мӕ уый тыххӕй мӕ сӕрмӕ ӕхца райсын нӕ хӕссын", - дзуры бӕлондарӕг.

Нӕлгоймаг йӕ бӕлӕтты ӕнахуыр рӕсугъддзинадӕй дарддӕр ма у буц сӕ цардмӕ ахастӕй.

"Къуырттыл ӕхсӕв бады нӕл бӕлон, бонӕй та сыл. Бадынц дыууӕ аикыл – вӕййынц сыл ӕмӕ нӕл, уыдонӕй иу хъӕуы ӕндӕр къуыртты аикимӕ фӕивын, цӕмӕй хӕццӕ къӕйттӕ саразой ӕмӕ сӕ туг ма лӕмӕгъ кӕна", - радзырдта уый.

© Sputnik / Natalia Airiyan Чилӕхсаты Мурӕты бӕлӕттӕ
Уарзын сӕ тынг: Чилӕхсаты Мурӕт йӕ 'нӕпайда фермӕйы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чилӕхсаты Мурӕты бӕлӕттӕ

Бӕлӕтты нывыл дунейы дӕр ис йӕхи хъӕндзинӕдтӕ. Ам дӕр ахсджиаг у цӕрӕн бынаты фарст.

"Ахстӕтты бынатыл сӕм стыр загъд рауайы, кӕрӕдзи ныххойынц. Ӕгӕрыстӕмӕй ахӕм нӕлтӕ ис ӕмӕ лӕппынты дӕр ракалдтой ахстонӕй ӕмӕ амардысты, - радзырдта Мурӕт.

Фӕлӕ бӕлӕттӕн уӕддӕр сӕ рӕсугъддзинады тыххӕй сӕ хицау сӕ ӕппӕрццаг миниуджытӕ дӕр бары.

Йӕ цӕхӕрадоны сӕрмӕ арвыл кафыныл куы срӕуӕг вӕййынц "хъазӕгой" мӕргътӕ - ахӕм мыггагмӕ хӕссы йӕ бӕлӕтты иууылдӕр - уӕд сын сӕ хицау сӕ аипдзинӕдтӕй иу дӕр нал фӕуыны.

Ног хабӕртты лентӕ
0