ЦХИНВАЛ, 26 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрджытӕ та ацы уалдзыгон мӕйты дӕр тыхсынц доны цухдзинадӕй. Цхинвайлӕгты крӕнттӕй куы чъизи дон рацӕуы, куы та доны муртӕ бинонты хӕрдзтыл не хӕссынц. Проблемӕ бӕрнон кусджытӕ бӕттынц уалдзыгон миттад ӕмӕ доны гуырахсты фӕкъаддӕримӕ. Адӕм сӕ ӕнӕразыдзинад ӕвдисынц социалон хызӕгты ӕмӕ ныхасы рӕстӕджы.
Донуарӕн уагдон "Водоканал" уалдзӕджы райдайӕны срӕвдз кодта донифтонгады схемӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ изӕры дон лӕвӕрд цӕуы столицӕйы хуссар хаймӕ, райсомӕй та - цӕгаттагмӕ.
"Джиоты Аланы проспекты кӕрон цӕрын ӕмӕ нӕм сабат ӕмӕ хуыцаубоны дон нӕ рацыд. Къуырисӕры райсомӕй дон радтой, фӕлӕ цалынмӕ сыхӕгты бактӕ йедзаг кодтой, уӕдмӕ ӕрлӕууыд", - загъта Цхинвалы цӕрӕг Мӕдинӕ.
Ӕнгӕс уавӕры бахауд Гудзабары хъӕу дӕр, кӕцы кӕд территоримӕ гӕсгӕ хауы Цхинвалы районмӕ, уӕддӕр дон исы столицӕйӕ.
"Дыууӕ бон нӕ рацыд дон ӕмӕ стӕй стыр хӕдтулгӕтыл нӕхӕдӕг ӕрластам", - загъта хъӕуы цӕрӕг Батрадз.
Цхинвалы цӕгаттаг микрорайонтӕ Мӕскуыйаг, Цӕгаттаг, Хурзӕрин ӕмӕ БАМ-ы цӕрджытӕ дӕр, кӕцытӕ дон истой комкоммӕ магистралон хаххӕй ӕмӕ сӕм уыд ӕдзух донифтонгад, ныр сӕ режимӕй хъазт кӕнынц.
"Дыууӕ мӕй чъизи донӕй нал фӕразӕм. Дыццӕджы райсом та бынтон ахицӕн. Бафӕлладыстӕм ацы уавӕрӕй", - дзуры БАМ-ы цӕрӕн Анна.
Донифтонгады уагдоны хистӕр Цхуырбаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕгаттаг микрорайонтӕ ӕмӕ Дзау ахицӕн кӕнынц, цӕмӕй резервуартӕ йедзаг кӕной ӕмӕ дон горӕтыл ӕххӕсса.
"Водоканал"-ы ӕмбарын кӕнынц, зӕгъгӕ, кӕд доны цухдзинад ӕрмӕст иу фатеры ӕмбӕлы, уӕд гӕнӕн ис ӕмӕ сӕ бакы фильтр байдзаг чъизийӕ. Ӕмткӕй та горӕты доны цухдзинад ахӕссы июны кӕронмӕ.
"Сӕйраг лини - Едыс никуы ӕрлӕууы. Дыууӕ резервуар нын лӕууы Тулдзы къохы, иу дзы у 5 мин кубон. Боныгъӕдӕй бирӕ аразгӕ у, куыддӕр къӕвда райдайы, афтӕ чъизи къалиутӕ ахицӕн кӕнӕм", - дзуры Цхуырбаты Алан.
Едысы донӕмбырдгӕнӕны хъусдарӕг Дзесты Игорь куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй Едысы доны гуырахст сбирӕ вӕййы июлы ӕмӕ афтӕ ахӕссы октябры кӕронмӕ.
"Стӕй та къаддӕр райдайы. Кӕд ацы рӕстӕг магистралон доны хахх баххӕст кӕнынц Дзомагъ ӕмӕ Брытъаты доны хӕххытӕ, уӕд уыдон гом кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уалдзӕджы сты чъизи ӕмӕ сӕ ахицӕн кӕнынц", - банысан кодта Игорь.
Ацы азмӕ ныфс ӕвӕрдтой Уанаты доны хӕтӕлӕй, зӕгъгӕ, уый аскъуыддзаг кӕндзӕн доны проблемӕ Цхинвалы, фӕлӕ йӕ арӕзтад нырма нӕ фӕуд кӕны.
"Нывӕзтмӕ гӕсгӕ ноябры хъуамӕ баиу кодтаиккам Уанат-Цхинвал, фӕлӕ арӕзтад вирусы тыххӕй лӕууы.
Цӕмӕй дон ӕххӕсыдаид горӕтыл, уый тыххӕй бафӕлвӕрдтам Дменисы дон рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хицӕн кӕнын ӕмӕ дон раттын Цхинвалмӕ. Фӕлӕ уым зӕронд хӕтӕлтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ стыр тыхимӕ дон куы рацӕуы, уӕд сӕ тоны", - загъта Цхуырбаты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уанат-Цхинвал арӕзт цӕуы дыууӕ этапӕй ӕмӕ ӕмткӕй дӕтдзӕн горӕтӕн 15 мин куб дон. Дыккаг этап ӕххӕст цӕуы ацы аз, ныр архайынц донгуырӕнтыл, цӕмӕй доны гуырахст фестырдӕр уа.
"Кӕд июнӕй куыст райдайа, уӕд ӕмгъуыдмӕ сцӕттӕ уыдзӕн", - ныфс бавӕрдта "Водоканал"-ы хистӕр.