"Бакодтам нӕ дуӕрттӕ алкӕмӕн дӕр": куыд хизы Цхинвал карантинӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы систой ӕхсӕнадон уагдӕтты куысты тобӕ
Цхинвалы систой ӕхсӕнадон уагдӕтты куысты тобӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ивгъуыд къуыри аскъуыддзаг кодта сисын ӕхсӕнадон бынӕттӕ ӕмӕ транспорты куыстыл тобӕ

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы къуырисӕрӕй, 25 майӕ, сӕ куыст сног кодтой спортивон ӕмӕ хиирхӕфсӕн центртӕ, афтӕ ма ӕхсӕнадон хӕлцады куыстуӕттӕ. Ацы уагдӕттӕ иууылдӕр уыдысты ӕхгӕд дыууӕ мӕйы дӕргъы коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл мадзӕлтты фӕлгӕтты.

Спорты галуан "Олимп" – Хуссар Ирыстоны егъаудӕр спортивон комплексы – райсомӕй фӕстӕмӕ ис бирӕ адӕм. Ам райдыдтой кусын секцитӕ. "Олимп"-ы администрацийы радзырдтой, фыццаг спортсментӕ кӕй ӕрбацыдысты тренировкӕтӕм райсом фараст сахатыл.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы систой ӕхсӕнадон уагдӕтты куысты тобӕ
Бакодтам нӕ дуӕрттӕ алкӕмӕн дӕр: куыд хизы Цхинвал карантинӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы систой ӕхсӕнадон уагдӕтты куысты тобӕ

Sputnik баййӕфта спортивон комплексы боксерты, гимнасткӕты, ленкгӕнджыты, афтӕ ма бирӕ адӕм уыд тренажерон залы.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Штатон режимы: Цхинвалы скуыста ӕхсӕнадон транспорт

Республикӕйы Аивадон гимнастикӕйы федерацийы президент Цхуырбаты Зема радзырдта зындзинӕдты тыххӕй, кӕцытӕ уыдысты ӕвзонг гимнасткӕтӕн арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты рӕстӕджы.

"Карантин махӕн дӕр уыд марты кӕрӕттӕй. Мах ацыдыстӕм хиизоляцийы ӕмӕ тренировкӕ кодта хӕдзӕртты. Хӕдзарон тренировкӕтӕ нӕй гӕнӕн абарын залы ахуыртимӕ, фӕлӕ сывӕллӕттӕ архайдтой сӕ бон куыд уыд, афтӕ", - банысан кодта уый.

Хӕдзарон ахуыртӕн тренер йӕхӕдӕг мысыд хӕслӕвӕрдтӕ, кӕнӕ та иста Интернеты тренировкӕтӕ, кӕцытӕ уагътой зындгонд спортсменкӕтӕ Ирина Винер-Усмановайы гимнастикӕйы центры.

Цхуырбаты Зема банысан кодта, ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр зӕрдиагӕй кӕй райстой спортивон объекттӕ бакӕныны фӕдыл хъусаниг.

"Мӕхи нӕ уырныдта, ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕн уыййас хорз ӕнкъарӕнтӕ кӕй уыдзӕн. Уыдон мысыдысты зал, тренировкӕтӕ. Мах кусдзыстӕм, цӕмӕй сывӕллӕттӕ тагъддӕр бацӕуой формӕйы", - бахахх кодта тренер.

Карантины фӕудыл тынг фӕцин кодтой ресторатортӕ дӕр. Цхинвалы центры иууыл егъаудӕр кафетӕй сӕ иуы радзырдтой, бакондыл кӕй фӕцин кодтой ӕрмӕст рестораны уазджытӕ нӕ, фӕлӕ ма куыстуаты персонал дӕр.

Афтӕ ма дӕргъвӕтин фӕурӕды фӕстӕ райдыдтой кусын сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн центртӕ дӕр.

Сывӕллӕтты центр ӕмӕ кафе "Джумаджи"-йы хицау Плиты Яна радзырдта, уыдоны карантиныл кӕй сӕхгӕдтой раздӕр республикӕйы иннӕ кафетӕ ӕмӕ ресторантӕм абаргӕйӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы систой ӕхсӕнадон уагдӕтты куысты тобӕ
Бакодтам нӕ дуӕрттӕ алкӕмӕн дӕр: куыд хизы Цхинвал карантинӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы систой ӕхсӕнадон уагдӕтты куысты тобӕ

"Дыууынӕм марты радтой рекомендаци сӕхгӕнын хиирхӕфсӕн центртӕ, ӕмӕ йӕ мах сӕххӕст кодтам. Нӕ кафе куыста "ӕддӕмӕ рахӕссыныл" хуыцаубоны онг. Къуырисӕры мах алкӕмӕндӕр бакодтам нӕ дуӕрттӕ", - радзырдта Плиты Яна.

Диссаг центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантин ӕнӕ ирхӕфсӕнтӕй: Цхинвалы сӕхгӕдтой сывӕллӕтты хъазӕн центртӕ

Уый ма банысан кодта, сывӕллӕтты центр кӕй ӕххӕст кӕны эпидемиологон нормӕтӕ.

Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад 25 майӕ фӕстӕмӕ систа ӕхсӕнадон бынӕттӕ ӕмӕ транспорты куыстыл тобӕ.

Къуырисӕрӕй байгом сты кафетӕ, ресторантӕ, сывӕллӕтты хирхӕфсӕн центртӕ, спортивон объекттӕ, библиотекӕтӕ, уазӕгдӕттӕ ӕмӕ санаторитӕ. Афтӕ ма йӕ куыст сног кӕндзӕн ӕхсӕнадон транспорт дӕр.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ адарддӕр кодтой 30 июны онг, афтӕ ма республикӕмӕ ӕрцӕууӕгаг ӕмбӕстӕгтӕн уыдзӕн ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, фӕндаг кӕй байгом уыдзӕн Цӕгат Ирыстоны уавӕр куы фӕхуыздӕр уа, уый фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0