ЦХИНВАЛ, 28 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахаты уавӕр у стабилон. Ӕртыццӕджы цы тесттӕ ауагътой, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад, загъта Sputnik Югосетпотребнадзоры комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Республикон бирӕпрофилон медицинон центры хоскӕнынад нырма цӕуынц аст адӕймаджы, кӕцытӕн уый размӕ сбӕрӕг кодтой коронавирус.
"COVID-19 диагнозимӕ нӕм ис 8 адӕймаджы. Медицинон хъусдарды бын сты 70 адӕймаджы, уыдонӕй 53 – медицинон организациты", - загъта Гаглойты Анна.
Уый банысан кодта, цы дыууӕ медицинон кусӕджы фӕрынчын сты, уыдонӕн сӕ уавӕр у хуыздӕр ӕмӕ сӕ тагъд рӕстӕджы рафысдзысты рынчындонӕй.
Иумӕйагӕй Югосетпотребнадзоры лабораторийы ауагътой 1300 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл.
Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй фыццаг фӕрынчынуӕвджытӕ фӕзындысты 6 майы, уӕдӕй фӕстӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 37 рынчыны. Уыцы пациенттӕй иуӕн коронавирусы диагноз не сфидар кодтой.