Цӕгат Иры ноджы ӕртӕ адӕймаджы амардысты COVID-19-ӕй

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы къуырисӕры райсоммӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 3 055 фӕрынчынуӕуӕджы, уыдонӕй 1965 сӕнӕниз сты, 56 адӕймаг та амардысты

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ноджы ӕртӕ адӕймаджы амардысты COVID-19 диагнозимӕ, фӕмардуавджыты иумӕйаг нымӕц у 56. Афтӕ ма иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой республикӕйы 50 цӕрӕгӕн, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 3 055 адӕймаджы.

КТ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Компьютерон томограф Цхинвалы скусдзӕн цыппӕрӕмы

- 934 адæймаджы сты амбулаторон хоскæнынады.

- 100 хос кæнынц республикæйы медицинон уагдæтты.

- 1965 рынчыны сæнæниз сты.

- 56 адӕймаджы амардысты.

Медицинон хъусдард æмæ хиизоляцийы æдæппæт ис республикæйы 1159 цæрæджы. Хъусдардæй (хиизоляци) ист æрцыдысты 6892 адæймаджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты ӕхсӕз милуан адӕймагӕй фылдӕр, 372 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0