Пухаты Эрик басгӕрста арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы куыст

© Пресс-служба правительства РЮО Пухаты Эрик басгӕрста арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы куыст
Пухаты Эрик басгӕрста арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны премьер-министр банысан кодта, арӕзтадон организацитӕн кӕй хъуамӕ ма уа арӕзтадон ӕрмӕджыты цухдзинад Инвестпрограммӕйы реализацийы райдайӕнмӕ

ЦХИНВАЛ, 2 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕмӕ йӕ хӕдивӕг, экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий бабӕрӕг кодтой куыстуат "Арӕзтадон ӕрмӕджыты завод".

© Пресс-служба правительства РЮО Пухаты Эрик басгӕрста арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы куыст
Пухаты Эрик басгӕрста арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пухаты Эрик басгӕрста арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы куыст

Заводы директор Тедеты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, заводы кусынц 22 адӕймаджы. Афтӕ ма уый радзырдта йӕ продукцийы хуызтӕ ӕмӕ бӕрцуаты тыххӕй.

"Мах уадзӕм тротуарон плиткӕ, арӕзтадон блоктӕ, бордюртӕ, быцӕутӕ электрохызӕгтӕн, афтӕ ма нывӕндӕм сног кӕны цӕджындзты рауагъдад. Мах кусӕм нӕхи ӕрмӕджытӕй. Нӕ бордюртӕ ӕмӕ плиткӕйӕ пайда кӕнынц уынгты хӕрарӕзтады рӕстӕджы", - загъта заводы директор.

© Пресс-служба правительства РЮО Пухаты Эрик басгӕрста арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы куыст
Пухаты Эрик басгӕрста арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пухаты Эрик басгӕрста арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы куыст

Куыстуаты разамонӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, заводы цӕттӕ продукци балхӕныны фадат ис куыд арӕзтадон организацитӕн, афтӕ сӕрмагонд гоймӕгтӕн дӕр.

Хицауады сӕрдар куыд банысан кодта, афтӕмӕй арӕзтад ӕмгъуыдмӕ балхынцъ кӕнынӕн хъӕуы рӕстӕгыл ифтонг кӕнын арӕзтадон организациты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕджытӕй, уый фӕдыл рауагъдады бӕрцуат хъӕуы развӕлгъау зонын.

"Мах абон басгӕрстам завод ӕмӕ рауадзгӕ продукцийы бӕрцуат. Арӕзтадон ӕрмӕджытӕй иудадзыг куы ифтонг кӕной, уӕд куыстытӕ рӕстӕгыл балхынцъ кӕндзысты Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты объекттыл", - бахахх кодта Пухаты Эрик.

Бекъойты Геннадий банысан кодта, заводы куыстӕн кӕй ис хорз динамикӕ, ӕмӕ куыстуаты ис алцыдӕр ӕххӕст куыстӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0