ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Воронежы область бафыстой бадзырд зонадон-техникон ӕмӕ культурон ӕмгуыстады фӕдыл. Документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны минӕвар уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ уӕрӕсейаг регионы губернатор Александр Гусев, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг минӕварады пресс-службӕ.
Документмӕ гӕсгӕ рауӕрӕх кӕндзысты дыууӕварсон экономикон ӕмӕ гуманитарон бастдзинӕдтӕ, сараздзысты хорз уавӕртӕ базарадон ахастытӕ райтынг кӕнынӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Воронежы областы хсӕн.
"Уымӕ гӕсгӕ сараздзысты хорз уавӕртӕ амалиуӕгады райрӕзтӕн республикӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг регионы, инвестицитӕ ӕрбаздахынӕн сӕ экономикӕтӕн, афтӕ ма дыууӕ фарс ӕмгуыстад кӕндзысты зонад, культурӕ ӕмӕ спорты фадыджы", - банысан кодтой минӕварады.
Бадзырды бафыст ссис Хуссар Ирыстон ӕмӕ Воронежы областы хицауӕдты пайдаджын баныхасы фӕстиуӕг, бафтыдтой минӕварады.