Хуссар Иры ӕнхъӕлмӕ кӕсынц УФ МХМ ахуыргӕнӕндӕтты курсантты радон къордмӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ республикӕмӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады ахуырадон уагдӕтты ӕрдӕг сӕдӕйӕ фылдӕр курсанты

ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik. Ӕртыккаг къорд 16 курсанты скондӕй, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) ахуырадон уагдӕтты, ӕрцӕудзысты Хуссар Ирыстонмӕ ӕввахс бонты, хъусын кӕны респбуликӕйы МХМ пресс-службӕ.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ноджы ӕртӕ адӕймагыл бахӕцыд коронавирус

Амӕйразмӕ Уӕрӕсейӕ ӕрцыд Хуссар Ирыстоны МХМ курсантты дыууӕ къорды – иумӕйагӕй 58 адӕймаджы. Уыдоны иууылдӕр бакодтой дыууӕкъуырион карантины Дзау ӕмӕ Знауыры рынчындӕтты, афтӕ ма уазӕгдон "Алан"-ы Цхинвалы.

"Курсанттӕн райдыдта сесси ӕмӕ цӕмӕй сӕ ахуырадон процесс ма 'рлӕууа, уый тыххӕй сӕ мидхъуыддӕгты министрад сифтонг кодта интернетӕй", - радзырдтой уагдоны.

Оперативон рабадты рӕстӕджы дыццӕджы МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорь бахӕс кодта райсын ӕдасдзинады фӕтыхджындӕргонд мадзӕлттӕ курсантты сӕ фыдыбӕстӕмӕ ласыны рӕстӕджы.

Иумӕйагӕй МХМ хаххыл Хуссар Ирыстонмӕ хъуамӕ ӕрыздӕхой 80 курсанты. Уыдонӕй цалдӕрӕн нырма фадат нӕй ӕрцӕуын организацион къордты сконды сӕ ахуырадон уагдӕтты фӕлварӕнтӕ дӕттыны тыххӕй – уыдон бадзурдзысты ФХМ консулон хайадмӕ Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ афтӕмӕй ӕрыздӕхдзысты сӕ фыдыбӕстӕмӕ.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, ахуырадон аз ӕмгъуыдӕй раздӕр кӕй фӕцис, уый тыххӕй Хуссар Ирыстонмӕ кӕй ӕрыздӕхтысты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты 250 курсанты, афтӕ ма ӕхсӕз курсанты, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц УУМ хаххыл. Сӕ фыдыбӕстӕмӕ куы ‘рцыдысты, уӕд сӕ бакодтой дыууӕкъуырион карантины.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фыццаг рынчынты сбӕрӕг кодтой 6 майы, уӕдӕй фӕстӕмӕ вирусӕй фӕрынчын сты 45 адӕймаджы, сӕ фылдӕр хайӕн сын схос кодтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0