Джиоты Жанна: республикӕйы райрӕзтимӕ рӕзынц банчы лӕггӕдтӕ дӕр

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХуссар Ирыстоны Æфнайæн банк бакодта йӕ уæлæмхас филиал
Хуссар Ирыстоны Æфнайæн банк бакодта йӕ уæлæмхас филиал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Офисы кусджытæ бангон лæггæдтæ кæндзысты Цæрæн массивы, Гафезы уынджы, Гудзабары хъæуы цæрджытæ æмæ №12 астæуккаг скъолайы районы цы цæрджытæ ис, уыдонӕн дæр

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы хуссайраг фарс, базарадон центры "Хурзæрин"-ы Хуссар Ирыстоны Æфнайæн банк бакодта йӕ уæлæмхас филиал. Ам арæзт æрцыд комфортон уавæртæ куыд кусджытӕн, афтӕ клиенттӕн дӕр. Хайад ифтонг æрцыд нырыккон домæнтæм гæсгæ видеоцæстдард æмæ компьютерон системæйæ. Ныр ацы офисы кусджытæ бангон лæггæдтæ кæндзысты Цæрæн массивы, Гафезы уынджы, Гудзабары хъæуы цæрджытæ æмæ №12 астæуккаг скъолайы районы цы цæрджытæ ис, уыдонӕн дæр.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХуссар Ирыстоны Æфнайæн банк бакодта йӕ уæлæмхас филиал
Джиоты Жанна: республикӕйы райрӕзтимӕ рӕзынц банчы лӕггӕдтӕ дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны Æфнайæн банк бакодта йӕ уæлæмхас филиал

Йӕ сæргълæууæг Джиоты Жанна куыд банысан кодта, афтӕмӕй банчы сӕйраг офисы цæрджытæн лæггад кæнынæн кæд цалдæр рудзынг ис, уæддæр дзы алы хатт дæр вæййы стыр радтæ. Уæлдайдæр та пенситæ дæттыны афон.

"Ныры дуджы бирæ социалон фарстытæ аскъуыддзаг кæнын у зын æнæ банчы лæггæдтæй. Уымæ гæсгæ æндæр фадгуыты райрæзтимæ хъуамæ рæзой банчы лæггæдтæ дæр. Йӕ структурæтæ та цæрджытæн хъуамæ уой æнцонвадат. Цы филиал бакодтам, уым райсæн уыдзæн пенситæн дӕр, æххæст ма цæудзысты æндæр операцитæ дæр", - радзырдта Джиоты Жанна.

Кредиттæ райсын цы æмбæстæгты фæнды, уыдонæн дæр гæххæттытæ райсæн уыдзæн ам. Банджы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, раздæр кредит дæттыны хъуыддаджы уыд хæццæдзинад, ныр уыцы куыст дӕр ӕрнывыл.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантины кӕронмӕ: Хуссар Иры банкы ӕфстауджынтæн адарддæр кодтой сæ хæс фидыны æмгъуыд

 "Банчы ис кредитон хайад, кæцымæ бадæттын хъæуы куырдиат, цæмæй рады слæууа. Кредиттæ райсæн ис куыд æфснайæн, афтæ национ банчы дæр. Махмæ куырдиæттæ æрбацæуы куыд хицæн адæймæгтæй, афтæ фермертæ, амалиуæггæнджытæй, Стæй раздæрау кредит райсыны тыххæй нал ис радтæ, кæд æмæ бавдисой æмбæлон гæххæттытæ, уæд цалдæр бонмæ райсдзысты цы финанстæ домынц, уыдон", - банысан кодта уый.

Æфснайæн лагъзы кредитон хайад цы схемæ саразы, уымæ гæсгæ æнæмæнг хъæуы хæссын æхцайы хайгай.

Дунейыл цы пандеми апарахат ис, уый аххосæй Хуссар Ирыстоны банг дæр кредиттӕ дæттын æрурæдта фæстаг цалдæр мæйы. Фæлæ, Джиоты Жаннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, июны райдианы кредит дæттыны фæтк фæстæмæ йæ гаччы сбадт.

"Ивгъуыд аз та нæ бæстæйы сæргълæууæджы амындмæ гæсгæ фæкъаддæр кредитты афæдзон процент æмæ уый адыл бæрæг фæфылдæр сты кредитортæ дæр. Æндæр хатт та куы хъæуа кредиторы æхца, уæд та йын банг сæрибарæй ратдзæн кредит. Уымæн æмæ махмæ алы адæймагæн дæр ис йæхи кредитон истори", - зæгъы Жанна.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма банг фæнд кæны æндæр дæрддзæф районты дæр ахæм филиалтæ бакæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0