ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕгӕрон хъӕу Дӕллаг Гудзабары Цхинвалы районы администраци цалцӕг кӕны фӕндаджы сӕйраг хахх, фехъусын кодта Sputnik районы разамонӕг Мамытаты Вахтанг.
Хъӕуы арӕзтцӕуӕг фӕндӕгты дӕргъ у иу километры бӕрц.
"Дӕллаг Гудзабары фӕндаг кӕнӕм ӕмбӕлон уагмӕ. Ам ивгъуыд аз зӕххы бын коммуникацитӕ куы раивтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ фӕндӕгты иу хай уыд аразинаг. Цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады кусджыты хъусдард здӕхт у фӕндаджы сӕйраг хахмӕ", - загъта уый.
Мамытаты Вахтанг ма радзырдта, хъӕуы ма ӕмрӕстӕджы кӕй кусы паддзахадон унитарон куыстуат "Мелиорация", кӕцы сыгъдӕг кӕны донхӕры хахх.
Цхинвалы районы Дӕллаг Гудзабары хъӕуы цӕры 160 хӕдзары, административон уӕрстмӕ гӕсгӕ у Цхинвайлы райны дӕлбар, ӕнӕуый та ис горӕты уӕлӕ.