Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры

© Sputnik / Natalia Airiyan Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры
Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбоны кастысты уырыссаг литературӕйы стыр классик Александр Пушкины уацмыстӕ – уый райгуырӕн боны нысан цӕуы Уырыссаг ӕвзаджы бон

ЦХИНВАЛ, 5 июн – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уырыссаг ӕвзаджы бон ӕмӕ стыр уӕрӕсейаг поэт Алесканд Пушкины райгуырӕн бон банысан кодтой Хуссар Ирыстоны. Цхинвалы поэты номыл сквермӕ ӕрбамбырд сты республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ ӕхсӕнад.

© Sputnik / Natalia Airiyan Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры
Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры

Уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты ассоциацийы президент Тедеты Зӕлинӕ банысан кодта, Пушкин тынг бирӕ кӕй уарзта ӕмӕ цыт кодта уырыссаг адӕмон ныхасӕн.

"Уый у уырыссаг литературон ӕвзаджы саразӕг. Уый гениалон ӕгъдауӕй рафӕлгъаудта уырыссаг ӕвзаджы райрӕзты фӕндаг – ӕрбангом кӕнын чиныджы ӕвзаг ӕппӕтадӕмон, дзургӕ ӕвзагмӕ", - загъта уый.

Республикӕйы президент Бибылты Анатолий бахахх кодта,  Пушкин кӕй уыд алыварсон гоймаг, бирӕ ахуыргӕндтӕ кӕй кусынц йе сфӕлдыстад кӕронмӕ раиртасыныл, фӕлӕныры онг уый никӕй къухы ма бафтыд.

© Sputnik / Natalia AiriyanУырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры
Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры

"Алы адӕймаг дӕр та ногӕй бакӕны йӕхицӕн Александр Сергейы фырты. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Пушкин ӕнӕмӕт цард фӕкодта. Йӕ хъысмӕт уыд тынг ирд ӕмӕ уыимӕ иумӕ тынг трагикон. Уӕрӕсе хъуамӕ ма фесафтаид ахӕм ӕвзонг генийы", - загъта президент.

© Sputnik / Natalia Airiyan Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры
Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уырыссаг ӕвзаджы бон банысан кодтой Хуссар Иры

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, ирон классиктӕ иууылдӕр стыр аргъ кӕй кодтой уырыссаг фысджытӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр фыстой уацмыстӕ уырыссагау дӕр. Дӕнцӕгӕн уый ӕрхаста Хетӕгкаты къостайы, кӕцы уырыссаг ӕвзагыл ныффыста тынг бирӕ уацмыстӕ.

Бӕрӕгбоны кастысты уырыссаг литературӕйы стыр классикы уацмыстӕ, ӕрӕмбырдуӕвджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ йӕ цыртмӕ.

6 июны Уӕрӕсейы нысан цӕуы Пушкины бон, уагъд фӕцӕуынц уырыссаг генийы сфӕлдыстадӕн нывонд мадзӕлттӕ ӕмӕ акцитӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0