ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг лӕппу амард кӕсагахсыны рӕстӕджы токӕй цӕфы фӕстиуӕгӕн, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Знауыры районы Бехъмары хъӕуы 29-аздзыд цӕрӕг 6 июны йӕ хиуӕттимӕ кӕсаг ахста Проне доны ӕмӕ пайда кодта хиарӕзт электрикон кӕсагахсӕн аппаратӕй. Электрикон ифтонггарзӕй ӕнарӕхст пайда кӕныны фӕстиуӕгӕн нӕлгоймаджы ныццавта ток, уый фӕстиуӕгӕн лӕппу амард бынаты", - банысан кодтой уагдоны.
Радгӕсон хайадмӕ цауы тыххӕй фехъусын кодта Знауыры поселочы районон рынчындоны радгӕсон дохтыр. Цауы бынатмӕ ацыдысты Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайад ӕмӕ Генералон прокуратурӕйы оперативон-фӕдагурӕн къордтӕ.