Хуссар Иры ӕрцахстой Юстицийы министры фатермӕ балӕбурджыты

© Пресс-служба МВД РЮО Хъадамантӕ
Хъадамантӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инцидент ӕрцыд 5 июны ӕхсӕвы, фыдгӕнджытӕ дуртӕй ныссастой юстицийы министры фатеры рудзгуытӕ

ЦХИНВАЛ, 8 июн – Sputnik, Козаты Диана. Цалдӕр адӕймаджы ӕрцахстӕуыд Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕйы фатермӕ балӕбурды фӕдыл, фехъусын кодта Sputnik ӕфсӕддон прокурор Къӕбулты Тигран.

Майрӕмбоны ӕхсӕвы ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ дуртӕй ныссастой юстицийы министры фатеры рудзгуытӕ. Хабар ӕрцыд 23:00 сахатмӕ ӕввахс Цхинвалы Тӕболты Сергейы уынгыл.

"Ацы хъуыддаджы фӕдыл ӕрцахстӕуыд цыппар адӕймаджы, кӕцытӕм зӕрдӕ 'хсайы министры фатермӕ балӕбурды. Уагъд цӕуынц слестгӕнӕн мадзӕлттӕ", - загъта прокурор.

Лалыты Зӕлинӕйы хӕдзармӕ балӕбурдтой Цхинвалы рӕстмӕгӕнӕн изоляторы змӕстыты дыккаг бон - дыууынӕй фылдӕр ахӕсты  ныллыгтӕ кодтой сӕхи.

Цауы фӕдыл равзӕрст уадзы генералон прокуратурӕ, уагдоны кусджытӕй иуы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0