ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны коронавирусы фӕдыл эпидемиологон уавӕр у стабилон. Ныридӕгӕн медицинон хъусдарды бын ис 237 адӕймаджы, уыдонӕй медицинон уагдӕтты 154, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры хистӕр Коцты Марина.
COVID-19 фыццаг рынчын Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 5 майы.
"Уазӕгдон "Алан"-ы карантины ис 78 адӕймаджы, уыдон нымӕцы курсанттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕг ӕмбӕстӕгтӕ, фондз адӕймаг та сты хӕдзӕртты изоляцийы",- загъта уагдоны хистӕр.
Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Иры коронавирусы фӕзындӕй нырмӕ фӕрынчын тӕссаг вирусӕй 66 адӕймаджы.
"Уыдонӕй рынчындӕттӕй рафыстой 34 адӕймаджы, медикты цӕстдарды бын стационарон уавӕрты нырма дӕр ис 32, кӕцытӕн лабораторон уавӕрты сбӕрӕг кодтой COVID-19. Сӕхи хатынц хорз, уӕззау рынчынтӕ дзы нӕй",- бафтыдта уый.
Уый ма радзырдта, уавӕр стабилон уавӕры дарыны ӕнтыст сӕххӕст кодтой фӕсарӕнтӕй цӕуджытӕ карантины кӕй вӕййынц, уый фӕрцы.
"Абон столицӕйы ӕмӕ ӕмткӕй республикӕйы уавӕр стабилон кӕй у ӕмӕ сӕрибарӕй нӕ бон кӕй у хизын горӕтмӕ, ӕппӕт объекттӕ дӕр кӕй кусынц, уый стыр ӕмӕ афоныл куысты хатдзӕг у", - бафтыдта уый.
Коцты Маринайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд бахъӕуа, уӕд райсдзысты карздӕр мадзӕлттӕ.