Хуссар Иры прокуратурӕ фехъусын кодта ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ ссарыны лыстӕгдзинӕдтӕ

© Sputnik / Алексей КовалевХуссар Иры прокуратурӕ
Хуссар Иры прокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тъбеты хъӕуы цӕрӕг ссардта адӕмы стӕгдартӕ хъӕууон хӕдзарадон куыстыты рӕстӕджы. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бӕрӕг кӕнынц фӕмардуӕвджыты гоймагдзинад ӕмӕ сӕ амӕлӕты ӕууӕлтӕ

ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Козаты Диана. Ӕртӕ адӕймаджы мӕрдон буӕрттӕ, кӕцытӕ ссардтой Багаты хъӕуы цур, баныгӕдтой дӕс азӕй фылдӕры размӕ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайады минӕвар Джиоты Константин.

Хуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ

Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ знон фехъусын кодта адӕймаджы стӕгдартӕ ссарыны тыххӕй Цхинвалы районы. Уыдон ссардта бынӕттон цӕрджытӕй иу хъӕууон хӕдзарадон куыстыты рӕстӕджы ӕмӕ фехъусын кодта уый тыххӕй барадхъахъхъӕнӕг органтӕм.

"Нырма нӕм дырыс информаци нӕй. Мӕ бон у ӕрмӕстдӕр зӕгъын, стӕгдартыл кӕй цӕуы дӕс азӕй фылдӕр", - загъта Джиоты Константин.

Уый ма банысан кодта, ацы стӕгдартӕ кӕй не сты адӕмы, кӕцытӕ фӕмард сты 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы.

Джиоты Константин бафтыдта, зӕгъгӕ, дарддӕр уагъд цӕуы цауы фӕдыл басгӕрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0