Зиан экосистемӕйӕн: Хуссар Иры фӕтыхджындӕр кӕндзысты тох браконьертимӕ

© Fotolia / RodimovpavelЦуанон
Цуанон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сӕ цӕст дардзысты ӕрдзон хъахъхъӕнынады законад ӕххӕст кӕнынмӕ республикӕйы

ЦХИНВАЛ, 10 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр, милицийы инӕлар-майор Наниты Игорь бахӕс кодта горӕт ӕмӕ районты мидхъуыддӕгты дӕлхайӕдты къухдариуӕгадӕн фӕтыхджындӕр кӕнын тох браконьертимӕ. Уый тыххӕй министр фехъусын кодта оперативон рабадтыл дыццӕджы, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цъон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент: ӕрдз хъахъхъӕнын у алкӕй хӕс дӕр

"Гоймӕгты, кӕцытӕ ӕнӕзакононӕй цуан кӕнынц ӕмӕ кӕсаг ахсынц, хъуамӕ ӕрбаздахой бӕрнмӕ ӕрдзон хъахъхъӕнынады законад фехалыны тыххӕй", - бахахх кодта министр.

Уагдоны сӕргълӕууӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй ӕнӕзаконон цуан стыр зиан хӕссы Хуссар Ирыстоны экосистемӕйӕн.

Наниты Игорь бахӕс кодта мидхъуыддӕгты органтӕн, цӕмӕй прокуратурӕимӕ иумӕ ӕххуыс кӕной хъӕдгӕстӕн.

Афтӕ ма рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой цӕрджыты коронавирусӕй бахъахъхъӕныны фарстытыл. МХМ сӕргълӕууӕг банысан кодта, Уӕрӕсе ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны эпидемиологон уавӕр цалынмӕ стабилон суа, уӕдмӕ республикӕйы уыдзысты арӕнӕвӕрдтӕ, ӕмӕ уагдон дарддӕр ӕххӕст кӕндзӕн мадзӕлттӕ инфекцийы апарахаты рагфӕдзӕхсты фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0