Хуссар Иры ӕртӕ мӕйы карантины фӕстӕ бакӕндзысты сабидӕттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянСабидон №1
Сабидон №1 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабидӕттӕ бакӕныны тыххӕй скъуыддзаг рахастӕуыд коронавирусы ныхмӕ тохы фӕдыл оперативон штабы рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фыццӕгӕм июлӕй бакӕндзысты сабидӕттӕ, фехъусын кодта оперативон штабы рабадтыл хицауады сӕрдар Пухаты Эрик. 

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, сабидӕттӕ хъуамӕ гом ӕрцӕуой фыццӕгӕм июлӕй, цӕмӕй адӕм сӕрибарӕй рахизой сӕ куыстытӕм. Горӕты къухдариуӕггӕнджытӕ аскъуыддзаг кӕнӕт скъолайы агъоммӕ уагдӕтты хӕрды фарст", - загъта премьер.
Коцты Марина  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сӕйраг санитарон дохтыр радзырдта, кӕд бакӕндзысты Уӕрӕсеимӕ арӕн

Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдӕттӕ иууылдӕр, уыдонимӕ сабидӕттӕ дӕр ӕхгӕд уыдысты карантиныл мартӕй фӕстӕмӕ коронавирусы апарахатӕй тасы тыххӕй.

Коронавирусы ныхмӕ тохы фӕдыл оперативон штабы рабадт уагъд цӕуы Цхинвалы цыппӕрӕмы.

Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы ауагътой 1837 тесты COVID-19 сбӕрӕг кӕныны фӕдыл. Сбӕрӕг кодтой 68 рынчыны, уыдонӕй 34 ныридӕгӕн сӕнӕниз сты. Республикӕйы дохтырты хъусдарды бын сты 268 адӕймаджы, уыдонӕй медицинон уагдӕтты сты 178.

Ног хабӕртты лентӕ
0