Ӕфсӕддон цӕттӕдзинад: куыд репетици кӕнынц Цхинвалы Уӕлахизы парад

© Sputnik / Natalia Airiyan Парады репетици
Парады репетици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парады хайад райсдзысты 25 къорды – уый у бирӕ фылдӕр ивгъуыд азтӕм абаргӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 11 июн – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны цӕттӕ кӕнынц Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парадмӕ. Рӕнхъон тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц ӕрвылбон республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты плацыл.

© Sputnik / Natalia AiriyanСтыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парады репетици
Ӕфсӕддон цӕттӕдзинад: куыд репетици кӕнынц Цхинвалы Уӕлахизы парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парады репетици

Цӕттӕкӕнынады хайад исынц Хъахъхъӕнынады министрад, МХМ, УУМ, Юстицийы министрад ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайӕдты парадон къордтӕ. Ацы аз парады хайад райсдзысты курсанттӕ дӕр, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц Уӕрӕсейы Федерацийы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты.

© Sputnik / Natalia Airiyan Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парады репетици
Ӕфсӕддон цӕттӕдзинад: куыд репетици кӕнынц Цхинвалы Уӕлахизы парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парады репетици

Репетици бакодта цытджын караулы ротӕйы къорд, кӕцы рахаста Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысы ӕмӕ Уӕлахизы тырыса. Парадон къордтӕ тренировкӕтӕм дарынц бӕрнон ахаст.

Сӕ аивдзинадӕй хицӕн кодтой Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ МХМ парадон къордты чызджытӕ, афтӕ ма чызджытӕ-курсанттӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парады репетици
Ӕфсӕддон цӕттӕдзинад: куыд репетици кӕнынц Цхинвалы Уӕлахизы парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парады репетици

Репетици уагъд цыд Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты генералон штабы хистӕр, гвардийы инӕлар-майор Виктор Федоровы къухдариуӕгады бын.

"Парады хайад исынц Хъахъхъӕнынады министрад, МХМ, УУМ, Юстицийы министрад ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайӕдты парадон къордтӕ. Иумӕйагӕй хайад исдзысты 25 парадон къорды – уый бирӕ фылдӕр у ивгъуыд азтӕм абаргӕйӕ. Уый афтӕ рацыд уымӕн, ӕмӕ парады хайад исынц ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты курсанттӕ", - радзырдта Виктор Федоров.

© Sputnik / Natalia Airiyan Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парады репетици
Ӕфсӕддон цӕттӕдзинад: куыд репетици кӕнынц Цхинвалы Уӕлахизы парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парады репетици

Уый ма бафтыдта, Уӕлахизы парады хайад кӕй райсдзӕн Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады федералон службӕйы (ӔФС) арӕнгӕрон хайад.

"Ацы аз 75 азы сӕххӕст Стыр Уӕлахизыл. Алчидӕр нӕ бӕрнон ахаст дары парадмӕ цӕттӕкӕнынадмӕ. Иууылдӕр ӕмбарынц, кӕй хъӕуы алцыдӕр саразын иттӕг хорз", - банысан кодта Федоров.

Репетици уагъд цӕуы Хъахъхъӕнынады министрады Гарнизонон медицинон пункты кусджыты хъусдарды бын.

Юбилейон бӕрӕгбонон мадзалмӕ цӕттӕкӕнынад райдыдта 1 июны Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты плацыл. Генералон репетицитӕ, цы ран хайад исдзӕн ӕфсӕддон техникӕ, нывӕндынц ауадзын 19 ӕмӕ 20 июны Цхинвалы централон фӕзуатыл.

Парад Цхинвалы ацӕудзӕн 24 июны, райсдзӕн ӕй хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, командӕ кӕндзӕн хъахъхъӕнынады министр, гвардийы инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим. Президент Бибылты Анатолий УФ сӕргълӕууӕг Владимир Путины ӕрхуындӕй хайад райсдзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты Мӕскуыйы, кӕцытӕ ацӕудзысты уыцы бон. Бӕрӕгбонон парад 9 майӕ рахастой коронавирусон инфекцийы апарахаты тасӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0