Кӕд ӕмӕ куыд ис гӕнӕн схъӕлӕс кӕнын Хуссар Иры УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейы минӕварад Хуссар Иры
Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Иры  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы минӕварады радзырдтой, куыд ацӕудзӕн хъӕлӕсӕппӕрст республикӕйы фадгуыты

ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл бакӕндзысты ӕртӕ фадыджы УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттыны тыххӕй, хъусын кӕны Уӕрӕсейы минӕварады пресс-службӕ.

Ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕппӕрсты бон Хуссар Иры байгом уыдзӕн ӕвзарӕн фадыг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕлӕсӕппӕрсты бон Хуссар Иры байгом уыдзӕн ӕвзарӕн фадыг

Уӕрӕсейӕгтӕн Хуссар Ирыстоны хъӕлӕс раттыны фадат уыдзӕн УФ минӕварады бӕстыхайы Цоциты Василийы уынгыл, 2 хӕдзары, уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕн та бакӕндзысты дыууӕ ӕвзарӕн фадыджы Цхинвалы ӕмӕ Дзауы поселочы.

Афтӕ ма, ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕн сӕ бон нӕу ӕрбацӕуын бӕстыхаймӕ хъӕлӕсдӕттынмӕ се ‘нӕниздзинады тыххӕй, дӕттынц фадат схъӕлӕс кӕнын хӕдзӕрттӕй. Ахӕм хъӕлӕсдӕттыны фӕдыл куырдиат хъӕуы бадӕттын 16 июнӕй 1 июльмӕ 17.00 сахаты онг.

"Куырдиӕттӕ 25-ӕй 30-ӕм июньмӕ ист цӕуынц 10.00 сахатӕй 16.00 сахатмӕ ацы номыртӕм: + 7 (929) 803-92-80; + 7 (929) 809-52-47. Хъӕлӕсдӕттыны бон, 1 июлы, куырдиӕттӕ ист цӕудзысты 8.00 сахатӕй 16.00 сахатмӕ ацы номермӕ: + 7 (929) 811-97-27", - фехъусын кодтой минӕварады.

Хъӕлӕсдӕттын ӕвзарӕн фадгуыты райдайдзӕн ӕмгъуыдӕй раздӕр 25 июны ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 1 июльмӕ, хъӕлӕсдӕттыны боны онг.

© Photo : Пресс-служба посольства РФ в РЮОИвындзинӕдтӕ УФ Конституцимӕ
Кӕд ӕмӕ куыд ис гӕнӕн схъӕлӕс кӕнын Хуссар Иры УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ивындзинӕдтӕ УФ Конституцимӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0