ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕхсӕнадӕмон хыгъдон банк сидзӕр рауагъдонтӕн хӕдхъом цардмӕ бахизыны цытӕн балӕггад кодта финансон фӕрӕзтӕй. Ӕххуыс лӕвӕрд цӕуы рауагъдон бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы.
Хӕрзаудӕн акцитӕ нысан æрцыдысты фӕстаг дзӕнгӕрджыты рӕстӕг ӕмӕ рауагъдон балы.
© Из архива Вадима ШадянаХуссар Иры сидзæр рауагъдонтæ райстой финансон æххуыс
Хуссар Иры сидзæр рауагъдонтæ райстой финансон æххуыс
© Из архива Вадима Шадяна
Ӕдӕппӕтӕй ацы азы рауагъдонтӕй ис 46 сидзӕры, уыдонӕй ӕртӕйӕн нӕй нӕдӕр мад, нӕдӕр фыд
"Ӕппӕт сидзӕртӕн дӕр, кӕцытӕ фӕуд кӕнынц скъола, дӕттӕм финансон ӕххуыс. Ӕдӕппӕтӕй 720 мин сомы байуардзыстӕм сидзӕр рауагъдонтыл. Ивгъуыд аз дӕттам къаддӕр суммӕтӕ, фӕлӕ сӕ ныр фӕфылдӕр кодтам. Фӕйнӕ фынддӕс мин сомы исы, иу ныййарӕг кӕмӕн нӕй, уыдон. 25 мин сомы та райсдзысты, дыууӕ ныййарӕг дӕр кӕмӕн нӕй, уыдон", - загъта банчы хистӕр Вадим Шадян.
Ӕртыццӕджы сӕ финансон ӕххуыс райстой горӕты скъолаты рауагъдонтӕ, дарддӕр акцитӕ адарддӕр уыдзысты районты .
"Абон рауагъдон дзӕнгӕрӕджы рӕстӕджы ауагътам хӕрзаудӕн акцитӕ. Сом рауагъдон балы райсдзысты се ʻххуыс районты рауагъдонтӕ. Уый фӕстӕ та бацӕудзыстæм Дзаумӕ", - бафтыдта уый.
Ӕдӕппӕтӕй Хуссар Ирыстоны ацы аз скъола фесты 468 сывӕллоны.
© Из архива Вадима ШадянаХуссар Иры сидзæр рауагъдонтæ райстой финансон æххуыс
Хуссар Иры сидзæр рауагъдонтæ райстой финансон æххуыс
© Из архива Вадима Шадяна