Хуссар Иры фӕстаг суткӕйы нӕ рабӕрӕг коронавирусӕй ног рынчынтӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Санитарон уагдоны лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтӕуыд 2123 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik, Козаты Диана. "Югосетпотребнадзор"-ы ивгъуыд суткӕйы цы 85 тесты сарӕзтой коронавирус сбӕрӕг кӕныны тыххӕй, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, республикӕйы нӕй COVID-19-ӕй ног рынчынтӕ, загъта уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыппар ног рынчыны: Югосетпотребнадзор коронавирусы тестты фӕстиуджыты тыххӕй

Цыппӕрӕмы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, рынчындӕтты ис 38 адӕймаджы. Эпидемийы райдайӕнӕй нырмӕ республикӕйы рабӕрӕг ис 81 рынчыны, 43 пациенты ныридӕгӕн адзӕбӕх сты ӕмӕ сӕ рафыстой рынчындонӕй.

"Ивгъуыд суткӕйы дӕргъы мах не сбӕрӕг кодтам ног рынчынты. Тестытӕ иууылдӕр равдыстой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ", - загъта Гаглойты Анна.

Санитарон уагдоны лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтӕуыд 2123 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны тыххӕй.

Дохтырты хъусдарды бын карантиныл сты 176 адӕймаджы - уыдон сты горӕт ӕмӕ районты алыгъуызон медицинон уагдӕтты, атфӕ ма уазӕгдон "Алан"-ы дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0