Хуссар Иры дыккаг бон фӕд-фӕдыл нӕ рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй рынчынты

© Спутник /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕстаг фӕрынчынуӕвджыты сбӕрӕг кодтой ӕртыццӕджы. Уӕд коронавирус сбӕрӕг кодтой ӕртӕ курсантӕн ӕмӕ иу ӕфӕддонӕн

ЦХИНВАЛ, 19 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны дыккаг бон нӕ бӕрӕг кӕнынц коронавирусӕй ног рынчынты. Ивгъуыд суткӕйы ноджы иу адӕймаджы систой хыгъдӕй, уымӕн ӕмӕ дыккаджы тесттӕ нӕ равдыстой вирусы уӕвынад, фехъусын кодта сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӔХМ æрурæдта æмбæстæгты æрвитын Уæрæсейы санаторитæм пандемийы тыххæй

Афтӕмӕй, COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц 81 нӕу, фӕлӕ 80. Уыдонӕн сӕ фылдӕр хай сӕнӕниз сты.

"Дыууын тестӕй, кӕцытӕ ауагътой иу суткӕмӕ нӕ лабораторийы, иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад. Иу адӕймаджы, кӕцыйӕн амӕйразмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирус, мах систам хыгъдӕй – дыккаджы анализтӕ нӕ равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта Гаглойты Анна.

Инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц 37 адӕймаджы, 164 ӕмбӕстаджы та ӕххӕст кӕнынц ӕнӕмӕнгхъӕугӕ карантин.

Югосетпотребнадзоры лабораторийы ауагътой дыууы мин тестӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0