Къуыдары хохӕфцӕгмӕ: Хуссар Иры альпинисттӕ сараздзысты геноциды амӕттӕгты номарӕн сцыд

© Из личного архива Марата БагаеваХуссар Иры альпинисттӕ сараздзысты геноциды амӕттӕгты номарӕн сцыд
Хуссар Иры альпинисттӕ сараздзысты  геноциды амӕттӕгты номарӕн сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуыдары хохӕфцӕг ис 3, 448 бӕрзӕндыл, ацы фӕндагыл ӕнусы размӕ цӕгатмӕ лыгъдысты сӕдӕгай лигъдонтӕ, бирӕтӕ дзы фӕмард сты фыдвӕндаг нӕ бафӕразгӕйӕ, аннӕты сӕ быны кодтой зӕйтӕ

ЦХИНВАЛ, 19 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирон адӕмы геноциды 100 азы цытӕн альпинистты къорд схиздзӕн Хуссар Иры Къуыдары хохӕфцӕгмӕ, кӕцыйыл ӕнусы размӕ знагӕй бахизыны ныфсимӕ цыдысты цӕгатмӕ мингай адӕймӕгтӕ. Бӕлццӕттӕ се 'сцыд райдайдзысты майрӕмбоны, фехъусын кодта Sputnik къорды разамонӕг Тедеты Тамерлан.

Сæнайы хохмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæнайы хохмæ сцыд: Хуссар Иры альпинисттæ басастой Кавказы бæрзонддæр хæхтæй иу

Альпинисттӕ афӕндараст уыдзысты ӕнусы размӕ цӕгатмӕ лигъдонты къахвӕндагыл.

"Къуыдаргомы карджын цӕрджытӕ абон дӕр фӕдзурынц, ацы фӕндагыл куыд бирӕ адӕм лыгъд цӕгатмӕ, тынг бирӕ дзы фӕмард - фесты зӕйты бын. Мах ацы фӕндагыл хъуамӕ ссӕуӕм Къуыдары хохӕфцӕгмӕ", - загъта Тедеты Тамерлан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сцыд уыдзӕн нывонд, ацы фыдвӕндагыл чи баззад, уыцы лигъдӕттӕн.

"Къуыдары хохӕфцӕгмӕ балц уыдзӕн цалдӕр боны дӕргъы, уым мах ныуадздзыстӕм фыстӕг. Ацы бӕрзӕндыл уыдтӕн цалдӕр хатты. 21 июны фӕстӕмӕ уыдзыстӕм столицӕйы", - бафтыдта уый.

Къуыдары хохӕфцӕг ис 3, 448 бӕрзӕндыл.

2020 азы сӕдӕ азы ӕххӕст кӕны ирон адӕмы геноцидыл, кӕцы сарӕзта Гуырдзыстоны къухдариуӕгад 1920 ӕзты.
Ирӕтты геноциды амӕттӕгты Мысӕн бон банысан кӕндзысты 20 июны - 13 ирон коммунары гуырдзиаг ӕфхӕрджытӕ куы фехстой, уыцы цауы афӕдзы боны.

Зӕрдылдарӕн датӕ сфидар кӕныны фӕдыл барамынд марты бафыста президент Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0