Хуссар Иры архайы вандалты организацигонд къорд, фехъусын кодтой парламенты

© Из архива М. БагаеваХъугомы Дзуар
Хъугомы Дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Археологон хӕзнатӕ давыны фарстыл ӕрдзырдтой националон политикӕ, культурӕ, дин ӕмӕ ДИФ фӕдыл парламентон комитеты рабадтыл. Депутаттӕ фӕхуыдтой фембӕлдмӕ культурӕйы министр ӕмӕ генералон прокуроры

ЦХИНВАЛ, 23 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фехъусын кодтой ӕнӕзаконон археологон къӕхтыты цауты тыххӕй. Проблемӕ уыд националон политикӕ, культурӕ, дин ӕмӕ ДИФ фӕдыл парламентон комитеты рабадты темӕтӕй иу, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.

Комитеты сӕрдар Диакъонты Амиран фехъусын кодта цауы тыххӕй, фыдгӕнджытӕ куы архайдтой Хъугомы Дзуары районы (Дзауы район), хъахъхъӕнӕн зонӕ ам у 70 метры.

"Дзуары хай сцалцӕг кодтой 2019 азы. Мах сбӕрӕг кодтам, ахӕм ӕнӕзаконон архӕйдтытӕ кӕй уыдысты Къобеты Дзуары комы бирӕ ӕзты дӕргъы", - загъта депутат.

Диакъонты Амиран банысан кодта, республикӕйы кӕй ис организацигонд къорд, кӕцы давы историон нысаниуӕджы объекттӕй.

Археологтӕ къахынц некрополь Цӕгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аланты зӕппӕдзтӕ: археологтӕ къахынц некрополь Цӕгат Иры

Генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, археологион хӕзнатӕ адавын нӕ бауагътой Дзауы прокуратурӕйы кусджытӕ.

"7 июны мӕм фӕдзырдтой къӕхтытӕ уадзыны бынатӕй, цы ран уыд мӕ кусджытӕй иу. Уый фехъусын кодта, кӕй ӕрцыд адӕймаг згъӕр агурӕн аппаратимӕ, ӕмӕ йе ‘мкъайимӕ иумӕ уадзы куыстытӕ. Ӕз фӕдзырдтон Дзауы прокуратурӕмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй уайтагъд рацыд фӕдагурӕн-оперативон къорд", - радзырдта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Оперативон кусджытӕ басгӕрстой цауы бынат, сарӕзтой акт згъӕр агурӕн аппарат байсыны фӕдыл, къахджыты та бафӕдзӕхстой.

"Ацы цауӕн уыд резонансон характер, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ бынӕттон цӕрджытӕй, кӕцытӕ зонынц ацы бынат, уыдон не ссардтаиккой ацы дзуар", - банысан кодта прокурор.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы уадзын ӕмбарынгӕнӕн ныхас бынӕттон цӕрджытимӕ, цӕмӕй уыдон ма ӕххуыс кӕной ӕнӕзаконон архӕйдтытӕн.

Культурӕйы министр Зассеты Жанна бахахх кодта, фӕстаг рӕстӕджы ахӕм цаутӕ кӕй сарӕх сты. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы саразын культурон историон хӕзнаты хъахъхъӕнынады фӕдыл паддзахадон структурӕ.

Рабадты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ аскъуыддзаг кодтой раттын рекомендаци Культурӕйы министрад ӕмӕ МХМ фӕтыхджындӕр кӕнын ӕмбӕлон дӕлхайӕдты куыст бынаты, ауадзын ДИФ-ты руаджы ӕмбарынгӕнӕн ныхас цӕрджытимӕ, цӕмӕй уыдон зоной, ахӕм фӕткхӕлдты тыххӕй сӕ кӕй ӕрбаздахдзысты ӕрмӕст административон бӕрндзинадмӕ нӕ, фӕлӕ ма уголовонмӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0