Хуссар Иры милици рахызт службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Милици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыхон структурӕты иумӕйаг архайд координаци кӕнынӕн арӕзт ӕрцыд сӕрмагонд оперативон штаб, банысан кодтой уагдоны

ЦХИНВАЛ, 23 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) хисӕрмагонд сконд 23 июнӕй хицӕн барамынды онг хӕсдзӕн службӕ фӕтыхджындӕргонд режимы. Ахӕм скъуыддзаг ист ӕрцыд, республикӕйы 24 июны Уӕлахизы парад кӕй ацӕудзӕн, уый тыххӕй, фехъусыцн кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг: - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг: хӕст мӕ ӕрӕййӕфта быдыры

Хуссарирыстойнаг столицӕйы ӕртыццӕджы ацӕудзӕн ӕфсӕддон парад, кӕцы у нывонд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-азон юбилейӕн. МХМ банысан кодтой, бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы ӕхсӕнадон фӕтк кӕй хъахъхъӕндзысты милицийы сӕдӕгай кусджытӕ.

"Министр Наниты Игорь сфидар кодта ӕфсӕддон парад уадзыны рӕстӕджы ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад ӕмӕ ӕхсӕнадон уагӕвӕрд хъахъхъӕныны фӕтк. Тыхон структурӕты иумӕйаг архайд координаци кӕнынӕн арӕзт ӕрцыд сӕрмагонд оперативон штаб. Уымӕй дарддӕр ма фӕтыхджындӕр кӕндзысты милицийыстационарон постыты архайд дӕр", - радзырдтой МХМ пресс-службӕйы.

Цхинвалы Театралон фӕзуатмӕ ӕмбӕстӕгты уадздзысты металлодетектортыл бахизгӕйӕ.

Уымӕй дарддӕр ма министр бахӕс кодта ауадзын инструктаж хисӕрмагонд скондӕн ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг базонгӕ кӕнын сӕ хӕстимӕ парад ауадзыны рӕстӕджы. Наниты Игоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлдай хъусдард хъӕуы аздахын контролон-уадзӕн пунктты куыстмӕ, афтӕ ма автотранспортон змӕлды ӕдасдзинад сифтонг кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ Цхинвалы уынгты рацӕудзӕн ӕфсӕддон техникӕ.

© SputnikЦхинвалы ӕрӕхгӕндзысты цалдӕр уынджы
Хуссар Иры милици рахызт службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ӕрӕхгӕндзысты цалдӕр уынджы
Ног хабӕртты лентӕ
0