Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг: хӕст мӕ ӕрӕййӕфта быдыры

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры хъӕуы цӕрӕг:
Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг: - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
96-аздзыд Ӕлборты Вера хӕсты агъоммӕ хъомыл кодта ӕнгом бинонты хсӕн - ӕртӕ хо ӕмӕ ныййарджытимӕ, фӕлӕ стӕй йӕ фыд баззад тохы быдыры, мад ӕвзӕр низӕй фӕрынчын ӕмӕ чызджы бӕрны баззадысты йӕ кӕстӕр хотӕ

ЦХИНВАЛ, 22 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуы карджын цӕрӕг Ӕлборты Вера хорз хъуыды кӕны Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдайӕн ӕмӕ Уӕлахизы бон. Ӕвзонг чызгӕй бавзӕрста ӕххормаг ӕмӕ гӕвзыкк цард, сӕ хӕдзары дарӕг та тохы быдырӕй нал ӕрыздӕхт.

Анатолий Бибилов почтил память жителей сел Прис и Тбет, воевавших на фронтах Великой Отечественной войны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры мысыдысты СФХ амæттæгты Прис æмæ Тъбеты хъæутæй

79 азы размӕ 22 июны ӕхсӕвы Германы ӕфсад ӕрбабырста Советон Цӕдисмӕ. Хабары фӕдисонтӕ хӕццӕ кодтой Ирыстоны алы къуымтӕм. Хӕсты тыххӕй Ӕлборты бинонтӕм фӕхъусын кодта барӕг.

"Уисты (Цънелис) хъӕуы быдыры кусгӕйӕ нӕ ӕрӕййӕфта хӕсты райдайӕн. Барӕг ӕрбацыд ӕмӕ нын загъта ацы хабар", - радзырдта карджын сылгоймаг.

96-аздзыд сылгоймаг хӕсты агъоммӕ хъомыл кодта уарзӕгой бинонты хсӕн, ӕртӕ хо ӕмӕ ныййарджытимӕ. Уый, зӕнӕджы хистӕр уыцы рӕстӕг уыд Медицинон техникумы студенткӕ, фӕлӕ уӕззау рӕстӕг чызджы бахъуыд ӕндӕр хӕстӕ йӕхимӕ райсын ӕмӕ ныуууагъта йӕ ахуыр дӕр.

"Мӕ фыд Григорий ацыд хӕстмӕ, мӕ мадӕн йӕ цӕсты фӕзынд ӕвзӕр низ. Мӕ фыд ма йӕ фӕстаг фыстӕджы тохы быдырӕй дӕр мӕнӕн фӕдзӕхста бинонты, мӕн бахъуыд ныууадзын мӕ ахуыр. Цардыстӕм мӕгуыр, ӕххормаг ӕмӕ ӕнӕдарӕсӕй", - мысы Ӕлборон.

Уый ма, йӕ кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, хорз хъуыды кӕны хӕсты кӕрон дӕр - иутӕ цины ӕнкъарӕны бын куы фесты, аннӕты зын та Уӕлахиз дӕр кӕй нӕ нымӕг кодта.

Хуссар Иры ацӕудзӕн акци Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдайӕны афӕдзы боны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ацӕудзӕн акци Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдайӕны афӕдзы боны

"Колхозы ӕмбырд уыд ӕмӕ уым фехъусын кодтой, хӕст кӕй рамбылдта Советон Цӕдис. Махӕн нӕ фыд нал ӕрыздӕхт тохӕй, ӕмӕ ма сыхаг усӕн дӕр йӕ мой фӕмард хӕсты. Уыдон ӕмбырды фисыны лӕууыдысты ӕмӕ ӕмырӕй цӕссыг калдтой, ӕз дӕр мӕхи сӕ цурмӕ байстон ӕмӕ куыдтон", - бафтыдта уый.

Уый фӕстӕ сылгоймаг йӕ цард баиу кодта тъбеттаг лӕппу Малакиимӕ. Фӕлӕ хӕсты фӕстӕ дӕр сылгоймаджы бирӕ бӕллӕхтӕ баййӕфтой. Бинонты адджын цард фӕцудыдта 90-ӕм ӕзты. Амард йе 'мкъай, абон йӕ фарсмӕ ничиуал ис йӕ зӕнӕгӕй дӕр. Йе 'ртӕ хъӕбулы дӕр сты мард.

"Афтӕ баззадтӕн, ныр цӕрын иунӕгӕй", - катай кӕны уый.

© Sputnik / Natalia AiriyanӔлборты Вера
Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг: хӕст мӕ ӕрӕййӕфта быдыры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕлборты Вера
Ног хабӕртты лентӕ
0