Цхинвалы фондз уынгыл ивынц коммуникацитӕ, сӕ радмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы ӕртӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыстытӕ уагъд цӕуынц инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты, къуыхцы сӕ кӕнынц ӕрмӕстдӕр коронавирусимӕ баст арӕнӕвӕрдтӕ

ЦХИНВАЛ, 23 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмат. Хуссар Ирыстоны столицӕйы фондз уынгыл ӕрӕвнӕлдтой зӕххы бын коммуникацитӕ ивынмӕ, фехъусын кодта Sputnik "Водоканал"-ы сӕйраг инженер Джиоты Инга.

"Мах ивӕм коммуникацитӕ Базарадон, Нӕузӕххонты, Табуты Родионы, Революцийы ӕмӕ Белинскийы уынгтыл. Ӕрӕджы фестӕм куыстытӕ Кимы уынгыл. Дыууӕ къуырийы фӕстм та фӕнд кӕнын бавналын Хъайтарты ӕмӕ Плиты Ароны уынгтӕм", - загъта Джиоты Инга.

Уагдоны сӕйраг инженеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыстыты графикы фӕзыны къуыхцыдзинӕдтӕ коронавирусимӕ уавӕр ӕмӕ арӕны ӕхгӕды тыххӕй.

Цхинвалы цалдӕр уынгыл ивынц зӕххы бын коммуникацитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цалдӕр уынгыл ивынц зӕххы бын коммуникацитӕ

"Уӕрӕсейӕ ӕрмӕджытӕ ӕрхӕццӕ вӕййынц чысыл фӕстиӕттимӕ", - банысан кодта уый.

Уагдон ма ивы коммуникацитӕ Джиоты Аланы проспектыл хисӕрмагонд хӕдзӕртты дӕр, ахӕм куыстытӕ раздӕр бакодтой Сталины, Фидауынгӕнджыты ӕмӕ Путины уынгтыл.

2020-2022 ӕзтӕн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг инвестицион программӕ фидар ӕрцыд 2019 азы апрелы. Ӕртӕазон нывӕзты бюджет у 4,5 миллиард сомы ӕмӕ рагхыгъд кӕны 52 мадзалы. Хӕрдзтӕ иууылдӕр хицӕн цӕуынц Уӕрӕсейы бюджетӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0