Цхинвалы ссыгътой цырӕгътӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты амӕттӕгты номарынӕн

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы ссыгътой цырӕгътӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты амӕттагты номарынӕн
Цхинвалы ссыгътой цырӕгътӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты амӕттагты номарынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акцийы архайдтой Цхинвалы гарнизоны ӕфсӕдтӕ, хицауады уӕнгтӕ, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 23 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы театралон фӕзуаты ацыд акци "Мысӕн цырагъ" Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдайӕны тыххӕй. Мадзалмӕ ӕрбацыдысты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ, кӕцытӕ цырӕгътӕй ссардтой хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ, айзӕлдысты хӕстӕн нывонд мелодитӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ.

© Sputnik / Natalia AiriyanАкцийы архайдтой Цхинвалы гарнизоны ӕфсӕдтӕ, хицауады уӕнгтӕ, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ
Цхинвалы ссыгътой цырӕгътӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты амӕттӕгты номарынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Акцийы архайдтой Цхинвалы гарнизоны ӕфсӕдтӕ, хицауады уӕнгтӕ, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ

Мысӕн мадзал ацыд Уӕлахизы парады генералон репетициты хсӕн.

Акцийы архайдтой Цхинвалы гарнизоны ӕфсӕдтӕ, хицауады уӕнгтӕ, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Горӕты скъолаты ахуырдзаутӕ сӕ фыдӕлты къамтимӕ, кӕцытӕ сӕхи хъӕбатырӕй равдыстой тохы, рахызтысты сценӕмӕ ӕмӕ сын дзырдтой сӕ сгуыхтдзинӕдтӕ.

"Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджыты ацы бон мысынц цӕссыгкалгӕ. Мах барджын не стӕм ацы бон ферох кӕнын сӕ хъӕбатырдзинад Украина ӕмӕ Гуырдзыстонау. Стыр бузныг дӕн нӕ разамынадӕй ӕрвылаз ацы датӕ рох кӕй нӕ вӕййы",- загъта журналисттӕн ветеранты цӕдисы хистӕры хӕдивӕг Уалыты Гайоз.

Мадзалы кӕрон фӕсивӕдон организацийы минӕвӕрттӕ арвмӕ ауагътой 75 сау тымбылӕджы.

© Sputnik / Natalia AiryanАкци "Мысӕн цырагъ"
Цхинвалы ссыгътой цырӕгътӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты амӕттӕгты номарынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Акци "Мысӕн цырагъ"
Ног хабӕртты лентӕ
0