Фыццаг ХИПУ-йы: Цхинвалы бакодтой актерон факультет

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы бакодой актерон факультет
Цхинвалы бакодой актерон факультет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Студенттӕн амондзысты актерон дӕсныйад, сценӕйы архайд ӕмӕ ныхас, вокал ӕмӕ ӕппӕт зонындзинӕдтӕ, кӕцытӕ фадат дӕттынц актер суӕвынӕн. Семӕ кусдзысты Харебаты Жан-Жак, Бибылты Сослан, Тъехты Василий ӕмӕ ӕндӕр актертӕ

ЦХИНВАЛ, 26 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацы аз йӕ куыст срӕвдз кӕндзӕн театралон дӕсныйады факультет. Профессийыл фӕцайдагъ кӕныныл фӕсивӕды ахуыр кӕнындзысты Хуссар Иры Адӕмон артисттӕ, фехъусын кодта Sputnik театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.

"Ӕрмӕст иу хатт уыдзӕн ацы факультетмӕ ист. Сидӕм фӕсивӕдимӕ ӕрбацӕуын ахуырмӕ. Абитуриенттӕ фыццаг рацӕудзысты сфӕлдыстадон ӕвзӕрст, уым мах сбӕлвырд кӕндзыстӕм, актеры потенциал кӕмӕ ис, уыдоны. Уый фӕстӕ та сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц фӕлварӕнтӕ", - загъта уый.

Аивадон къухдариуӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дӕсныйады сусӕгдзинӕдтӕ студенттӕн амондзысты Хуссар Ирыстоны Адӕмон артисттӕ.

Хуссар Ирыстоны театр цæуы сæрдыгон улæфты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны театр цæуы сæрдыгон улæфты

"Райсомӕй ахуыр цӕудзӕн университеты, сихорӕй фӕстӕмӕ та театры. Амондзыстӕм сын актерон дӕсныйад, сценӕйы архайд ӕмӕ ныхас, вокал ӕмӕ ӕппӕт зонындзинӕдтӕ, кӕцытӕ фадат дӕттынц актер суӕвынӕн. Семӕ кусдзысты Харебаты Жан-Жак, Бибылты Сослан, Тъехты Василий, мӕхӕдӕг ӕмӕ ӕндӕр актертӕ. Теоретикон ахуыртӕ цӕуыдзысты райсомӕй университеты, сихорӕй фӕстӕмӕ та театры уыдзӕн специализаци", - бафтыдта Дзудцаты Тамерлан.

Уый ма бахахх кодта, ӕвзонг фӕлтӕрӕн кӕй архайдзысты фыццаг курсӕй фӕстӕмӕ спектакльты рольтӕ дӕттын.

Ног хабӕртты лентӕ
0