Фыццаг экстрадици: Хуссар Ирмӕ ӕрӕрвыстой 2008 азы алидзӕг ахӕсты

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ахӕстон
Цхинвалы ахӕстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Плиты Леонид барадхъахъхъӕнӕг органты хъусдарды бын бахауд 2006 азы - уый кардӕй ныццавта Хуссар Иры уӕды рӕстӕджы прокуратурӕйы кусӕг ӕмӕ архайгӕ депутат Диакъонты Амираны

ЦХИНВАЛ, 26 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы куырдиатмӕ гӕсгӕ республикӕмӕ экстрадици сарӕзтой Дзӕуджыхъӕуӕй Плиты Леониды, кӕцы азым цӕуы амарын бафӕлварыны ӕмӕ стӕй алидзыны хъуыддаджы.

Плиты Леонид барадхъахъхъӕнӕг органты хъусдарды бын бахауд 2006 азы -  зӕрдӕхсайгӕ уӕвгӕйӕ, рынчындоны хос кӕныны рӕстӕджы уый кардӕй ныццавта Хуссар Иры уӕды рӕстӕджы прокуратурӕйы кусӕг ӕмӕ архайгӕ депутат Диакъонты Амираны. 2008 азы хӕсты рӕстӕджы уый аннӕ ахӕстӕттимӕ рауагътой ахӕстонӕй. Йе 'ввахс адӕмы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Леонид активон хайад райста райгуырӕн бӕстӕ бахъахъхъӕныны хъуыддаджы, фӕлӕ хӕсты фӕстӕ йӕхи баууон кодта фӕсарӕнты.

"Плиты Леониды раттыны цау у фыццаг не 'мгуыстады рӕстӕджы. Ноджы ма аст ахӕсты хӕсты фӕстӕ ацыдысты республикӕйӕ, кӕцыдӕрты тыххӕй нӕм ис информаци", - загъта Sputnik генералон прокуратурӕйы слесгӕнӕн управленийы хистӕр Джиоты Къоста.

Ныридӕгӕн хъуыддаг сгары генералон прокуратурӕйы сгарӕг Чилӕхсаты Александр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Плиты Леониды ӕмӕ прокуратурӕйы кусӕг Диакъонты Амираны хсӕн 2006 азы уыд хисӕрмагонд конфликт ӕфстау ӕхцайы фӕдыл. Дыууӕ азы фӕстӕ нӕлгоймаджы ӕрурӕдтой барадхъахъхъӕнӕг органтӕ, фӕлӕ хӕсты агъоммӕ тӕрхондон нырма скъуыддзаг нӕ рахаста йӕ хъуыддаджы фӕдыл.

Рӕстмӕгӕн колони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юстицийы министр радта ног хӕслӕвӕрдтӕ ахӕстоны кусджытӕн

"Уый азым цыд амарын бафӕлварыны хъуыддаджы - Диакъонты Амираны кардӕй ныццавта. Уӕд уый йӕхи баууон кодта", - загъта прокуратурӕйы кусӕг Чилӕхсаты Александр.

Ныридӕгӕн нӕлгоймаджы ӕрӕрвыстой Хуссар Ирмӕ ӕмӕ ис ахӕстоны.

"Хъуыддаджы нӕй фӕлмӕн кӕныны факттӕ. Карантины тыххӕй нырма ӕппӕт гуырахстӕй нӕй фадат уадзын слесгӕнӕн куыст", - бафтыдта Чилӕхсаты Александр.

Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Диакъонты Амиран, кӕцыйы ахстуӕвӕг ныццавта кардӕй, загъта Sputnik, йӕ маст исынмӕ кӕй нӕ хъавы.

"Уый уыд раджы, хорз у ӕмӕ удӕгасӕй баззадыстӕм уый дӕр ӕмӕ ӕз дӕр. Ацы нӕлгоймаджы мӕ уынын дӕр нӕ фӕнды ӕмӕ мӕм претензитӕ дӕр нӕй", - загъта Диакъонты Амиран.

Ног хабӕртты лентӕ
0