ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион хайадӕй рафыстой 12 адӕймаджы, кӕцытӕ уыдысты рынчын коронавирусӕй, фехъусын кодта сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Иумӕйагӕй республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй коронавирус бахӕцыд 85 адӕймагыл, уыдонӕй 64 сӕнӕниз сты. Афтӕ ма, се хсӕн нӕ уыд уӕззау рынчынтӕ ӕмӕ уый фӕдыл нӕ баиу кодтой рӕуджыты вентиляцийы аппараттӕ.
"Иу суткӕмӕ рынчындонӕй рафыстой 12 адӕймаджы. Уымӕй дарддӕр, мах не сбӕрӕг кодтам коронавирусӕй ног рынчынты, ӕрдӕг сӕдӕ тестӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад", - загъта ГАглойты Анна.
Ныртӕккӕ инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц 21 адӕймаджы – иу медицинон кусӕг ӕмӕ уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕтты курсанттӕ.
Фӕкъаддӕр ис адӕмы нымӕц, кӕцытӕ сты карантины. Майрӕмбоны райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ уым ис 87 адӕймаджы.
Афтӕ ма, Дзӕуджыхъӕуы консулон хайады хаххыл сӕ фыдыбӕстӕмӕ ӕрыздӕхынмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц фондз сӕдӕмӕ ӕввахс адӕймаджы. Уыдоны ласдзысты организацигонд къордтӕй 10-20 адӕймаджы скондӕй. Республикӕмӕ куы 'рцӕуой, уӕд уыдон ӕнӕмӕнг рацӕудзысты дыууӕкъуырион карантин.