Цхинвалы банысан кӕндзысты фӕсивӕды бон ирон хъазтæй

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы банысан кӕндзысты фӕсивӕды бон ирон хъазтæй
Цхинвалы банысан кӕндзысты фӕсивӕды бон ирон хъазтæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг фæсивæдон бæрæгбон æрфидар ис Хуссар Ирыстоны дæр, æрвылаз столицæ æмæ районты цæудзæн бæрæгбонон мадзæлттæ

ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik, Плиты Фатимæ. Националон кафты изӕр "Ирон хъазт", фæсивæды хорзӕхкӕныны церемони æмæ дискотекæ ацæудзæн Цхинвалы Ногдзауты парчы, фехъусын кодта Sputnik фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани" пресс-секретарь Санахъоты Анна.

Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ ацӕудзысты республикӕйы столицӕйы Ногдзауты парчы. Мадзал организаци кӕны горӕты администраци ӕмӕ фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани".

Уӕрӕсейы бон Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы бон Цхинвалы: Ансамбль "Русь", фоторавдыст æмæ ирон хъазт

"Схорзӕхджын кӕндзыстӕм фæсивæды минæвæртты кады грамотатæй, хорзæхтæ дæтдзæн фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"-йы разамонæг Коцты Михаил. Ирон хъазты сæ бон у архайын æппæт æрбацæуæг адæмæн, фæлæ ма горæты администрацийы фæсивæдон политикайы хайад фæхондзæн дæсны кафджыты дæр", - загъта Санахъоты Анна.

Йæ нæхæстæм гӕсгӕ, ацы изæр ма ацӕудзӕн чысыл концерт нӕ эстрадӕйы стъалыты хайадистӕй, бӕрӕгбонон изӕр балхынцъ уыдзӕн дискотекӕйӕ.

Фӕсивӕды бон фӕзынд 1958 азы 7 февралы. Уӕд Советон цӕдис сфидар кодта "Советон фӕсивӕды бон". Бӕрӕгбон нысан кодтой июны фӕстаг хуыцаубоны. Бирӕ ӕзты фӕстӕ, 1993 азы 24 июны, Уӕрӕсейы президент Борис Ельцин рахаста уынаффӕ "Фӕсидӕды бон нысан кӕныны фӕдыл". Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ бӕрӕгбон райдыдтой нысан кӕнын 27 июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0