Дыууӕ фыдракӕнд ӕмӕ дыууӕ авари: Хуссар Иры милици къуырийы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны фехъусын кодтой 22 - 29 июны республикӕйы криминогенон уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik. Ивгъуыд къуырийы Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы, авариты фӕстиуӕгӕн бахъыгдардуӕвджытӕ нӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Авари Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы центры кæрæдзийыл сæмбæлдысты æртæ хæдтулгæйы

Уымӕй дарддӕр ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 157 фӕткхӕлды. 17 шофыры ныхмӕ, кӕцытӕ хӕдтулгӕтӕ скъӕрдтой нозтджынӕй, бакондӕуыд административон протоколтӕ.

Уымӕй дарддӕр ма къуырийы дӕргъы республикӕйы территорийыл ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды, уыдонӕй иу раргом кодтой барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ. Алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй МХМ минӕвӕрттӕ ӕрурӕдтой ӕхсӕз адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕ райстой административон ӕфхӕрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0