Хуссар Иры медиктӕн фиддонтӕ ссӕрибар кӕдзысты хъалонтӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ирыстон карантины
Хуссар Ирыстон карантины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коронавирусӕй рынчынтӕн хосгӕнӕг медицинон кусджытӕн разӕнгардгӕнӕн фиддонтӕ хъуамӕ радтой ӕххӕст бӕрцӕй, банысан кодтой республикӕйы хицауады

ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны медиктӕн фиддонтӕ коронавирусон инфекцийы фӕдыл куысты вазыгджын уавӕрты ӕмӕ уӕлдай фыдӕбоны тыххӕй ссӕрибар кӕндзысты хъалонтӕй, фехъусын кодтой хицауады пресс-службӕйы.

Хуссар Иры хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта ӕхцатӕ медиктӕн, кӕцытӕ тох кӕнынц коронавирусимӕ

Раздӕр министрты кабинеты уӕнгтӕ рахастой уынаффӕ медиктӕн разӕнгардгӕнӕн фиддонтӕ раттыны фӕдыл. Уый нысанӕн хицӕн ӕрцыд 2,5 милуан сомӕй фылдӕр, уыдонӕй 2,2 милуаны - республикон бирӕпрофилон медицинон центры кусджытӕн, 300 мин сомы та Дзауы рынсындоны кусджытӕн, фехъусын кодтой хицауады рабадтыл.

"Медицинон кусджытӕ иууылдӕр, дохтыртӕй райдайгӕйӕ ӕмӕ техперсоналыл фӕугӕйӕ, кӕцытӕ куыстой коронавирусӕй рынчынтимӕ, сӕ цард ӕмӕ ӕнӕниздзинадӕн тасмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, хъуамӕ райсой разӕнгардгӕнӕн фиддонтӕ. Уыцы фиддонтӕ иууылдӕр сӕрибар сты хъалонтӕй", - бахахх кодта премьер-министр Пухаты Эрик.

Хицауады сӕрдар бахӕс кодта Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Дзауы районон администрацийӕн хъус ӕрдарын рахицӕнгонд фӕрӕзтӕй нысанмӕздӕхтӕй спайда кӕныны хъуыддагмӕ, афтӕ ма финансты министрадмӕ бавдисын ӕмбӕлон хыгъдлӕвӕрдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0